Дзæуджыхъæуы хæххонметаллургон техникумы студенттæн балц сарæзтой фидæны курорт «Мамысон»-ы арæзтадон фæзмæ. Фидæны æрыгон специалисттæн фембæлд уыд акционерон æхсæнад «Кавказ.РФ» æмæ, Мамысоны комы ныртæккæ чи кусы, уыцы подрядон организациты минæвæрттимæ.
Техникумы рауагъдон курсыты студенттæ – фидæны электриктæ, автомеханиктæ, ирвæзынгæнджытæ, туризмы къабазы иннæ специалисттæ бынаты бæстон базонгæ сты арæзтадон архайды фæткимæ, хохрæбынты куысты уавæртимæ.
«Кавказ.РФ» æмæ инвестицион компаниты минæвæрттæ æрыгон фæлтæрæн бæстон радзырдтой, курорты фыццаг къæпхæны арæзтад куыд цæуы, хæстæгдæр рæстæг дзы цавæр специалисттæ бахъæудзæн, уыдæтты тыххæй. Фембæлды архайæг студенттæн уыд алыхуызон фарстытæ раттыны æмæ бæрнон кусджытæй бæстон дзуаппытæ райсыны фадат…
Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ наукæйы министрады «Рæстдзинад»æн куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ахæм профориентацион балцæн фадæттæ арæзт æрцыд сæрмагонд федералон проект «Профессионалитет»-ы фæлгæты. Уæлдай æхсызгон уый у, æмæ Дзæуджыхъæуы хæххонметаллургон техникум ацы аз амынд проекты уæлахиздзау кæй сси, уый. Ныр уый фæрцы техникумы бындурыл хъæугæ специалисттæ цæттæ кæндзысты «Мамысон» æмæ æндæр кавказаг курорттæн. Уый фæдыл сæрмагонд бадзырд сфидар кодтой техникум æмæ компании «Кавказ.РФ.»-йы разамонджытæ.
КАЛМАНТЫ Аслан