Цыппар боны дæргъы – 27 ноябрæй 1 декабрмæ Дзæуджыхъæуы, Цоколаты Геннадийы номыл уынджы цы спортивонцæттæгæнæн центр ис, уым цыдысты Ирыстоны уарзондæр лæгтæй иу, таурæгъон инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хатты æмæ Монголы Республикæйы Хъæбатыр Плиты Иссæйы номарæн турниры ерыстæ боксæй.
Амæй размæ нæ газеты сабаты номыры куыд хъусын кодтам, афтæмæй турниры архайдтой Уæрæсейы аст регионы минæвар æрыгон (15-16аздзыд) боксертæ. Æдæппæтæй ринджы сæ арæхстдзинад æвдыстой 163 спортсмены, уыдонæй 24 – чызджытæ.
Ринджы фæсивæд æвдыстой уæлахизмæ тырнындзинад. Тохтæ, куыд лæппуты, афтæ чызджыты ’хсæн дæр цыдысты зæрдæмæдзæугæ. Уæлдай цымыдисагдæр рауадысты кæронбæттæны тохтæ. Чызджытæ цы авд уæзы ерыс кодтой, уыдоны фыццаг бынæттæ бацахстой: 52 кг – Гусалты Илонæ, 54 кг – Ходы Миланæ, 57 кг – Сиукъаты Миланæ, 60 кг – Дзылыхты Алинæ, 63 кг – Къадзаты Аллæ, 66 кг – Дзукъаты Камилæ, 70 кг – Хуыгаты Сабинæ.
Уæлдай хъазуатондæрæй кæронбæттæны тохтæ цыдысты лæппуты ’хсæн. Æппæты рогдæр уæзы – 46 кг онг кæронбæттæны фембæлдысты Къæлхидты Вадим æмæ Мысыкаты Сæрмæт. Сæ фембæлд ахицæн Сæрмæты пайдайæн, æмæ уый бацахста фыццаг бынат.
48 кг онг уæзы фыццаг бынат бацахста дагестайнаг богал Сулейман Шихгасанов. 50 кг онг уæзы дæр – Дагестаны минæвар Наби Абдулмуталимов.
Тынг хъазуатонæй рауад сæ тох 52 кг онг уæзы хæцæг дыууæ ирыстойнаг боксерты Баскаты Марат æмæ Инал Айсиновæн. Æртыккаг раунды кæронмæ ’ввахс уæлахиз лæвæрд æрцыд Баскаты Маратæн. 54 кг онг уæзы дæр кæронбæттæны фыццаг бынат рамбулыныл тох кодтой ирыстойнаг боксертæ Давид Суджашвили æмæ Джусойты Руслан. Фæуæлахиз Давид Суджашвили. 57 кг онг уæзы та фыццаг бынат бацахста Цæлойты Давид.
Хъазуатон тох рауад 60 кг онг уæзы Гайты Артур æмæ Ростовы облæсты номæй хæцæг ирон боксер Джиголаты Георгийы ’хсæн. Ацы тохы фæуæлахиз Гайты Артур.
Цымыдисаг рауад сæ ныхмæлæуд 63 кг онг уæзы Торчынты Артур æмæ Тедеты Ростиславæн. Ам чысыл рæстдзæвиндæрыл нымад æрцыд Торчынты Артур æмæ бацахста фыццаг бынат. 66 кг онг уæзы фыццаг бынатмæ рацыд Фæрниаты Георги.
70 кг онг уæзы Цæцæны Республикæйы минæвар Магомед Шудуев кæронбæттæны фæуæлахиз Тебеты Зауырбегыл æмæ ссис турниры уæлахиздзау.
75 кг онг уæзы Цæлойты Сæрмæт кæронбæттæны фæуæлахиз Макоты Никъалайыл æмæ бацахста фыццаг бынат. 80 кг уæзы ХъæрæсеЧеркесы Республикæйы минæвар Дамир Гумжачев кæронбæттæны фæуæлахиз Бететы Азæмæтыл æмæ æрдæгуæззау уæзы рамбылдта фыццаг бынат.
Цымыдисаг рауадысты тохтæ уæззау уæзы (80кг+). Кæронбæттæнмæ ацы уæзы рацыдысты Хæллаты Тамерлан æмæ Тотойты Артур. Дыууæ лæппуйы дæр равдыстой сæрæндзинад æмæ тырныдтой уæлахизмæ. Ацы ран рæстдзæвиндæр разынд Тамерлан.
Турниры уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ хорзæхджын систы майдантæ, дипломтæ, кубоктæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.
Нæ боксерты бацæттæ кодтой тренертæ: Бестауты Энвер, Елойты Алан, Цæлойты Георги, Баскаты Хъазыбег, Кæркуысты Павел, Кокойты Хъазыбег, Медойты Вячеслав, Кокойты Игорь.
Ерысты тыххæй сæ сæйраг саразæг Дзгойты Константин загъта: «Ахæм ерыстæ нæ кæстæр фæлтæрты тынг хъæуынц. Иуæй, сæ арæхстдзинад бæрзонддæр кæнынæн, иннæмæй та, хъуамæ аргъ кæнын зоной нæ разагъды хистæртæн. Плиты Иссæйы номыл ерысты архайын сын хъуамæ уа бæллиццаг, æмæ тырной йæ номы аккаг уæвынмæ, куыд спорты, афтæ сæ царды дæр. Нæ ерыстæй разыйæ баззадысты нæ уазджытæ дæр, æмæ уый у уæлдай æхсызгон. Бузныг зæгъын, нæ фарсмæ чи ’рбалæууыд, уыцы æххуысгæнджытæн. Уыдоны ’хсæн сты нæ республикæйы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур æмæ йæ хæдивæг Дмитрий Кобацкий, нæ боксерты хъомылгæнæг тренертæ, тæрхонгæнджытæ. Стыр бузныг зæгъæм нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн. Нæ фæнды ис иннæ аз ацы турнир Æппæтуæрæсеон скæнын, æмæ нын уымæн æххуысгæнджытæ куы фæуа, уæд Плиты Иссæйы номыл турниры уæлахиздзаутæн лæвæрд цæудзæн спорты мастеры ном. Нæ бæллиц ма у, цæмæй нæм фæзына, ныры домæнты аккаг ерыстæ кæм цæуой, ахæм спортивон галуан. Нæ зæрдæ дарæм, ахæм галуан нæм куы фæзына, уæд Дзæуджыхъæуы спорты цалдæр хуызæй дунеон стыр ерыстæ дæр дзы кæй цæудзысты, ууыл. Уый аккаг у нæ спортивон республикæ».
Баскаты Уырызмæг