Ирон адæм афтæ фæзæгъынц: «Алы зарæджы дæр ис ахæм тых, æмæ йæм адæймаг куы байхъуса, уæд цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр йæ бон ахизын бауыдзæн». Ис ахæм зарджытæ, æмæ адæмы циныл – цин, сæ хъаруйыл хъару чи æфтауы, сæ зæрдæты рыст сын чи айсафы.
Зарæг аскъæфы адæймаджы йæ базыртыл, æмæ йæ цыма раст нæ урссæр хæхты фестын кæны кæнæ йæ уæларвмæ сисы, йæ уд, йæ миддуне йын фæсыгъдæгдæр кæны, цавæрдæр алæмæты уæлмонц миниуджытæй йæ фæхайджын кæны. Уый та канд ныхæстæ æмæ музыкæйæ аразгæ нæу, фæлæ зарæггæнæгæй дæр. Зарæгимæ нæ фыдæлтæ бырстой размæ тохы быдыры. Хъæбатыртылиу зарджытæ куы скодтой, уæдиу уый та нымад уыд уæлдай кадыл.
Абон дæр Ирыстоны ис бирæ æрыгон æмæ курдиатджын зарæггæнджытæ. Фæлæ, уыцы курдиат æрдзæй чи рахаста, æнæ фонограммæйæ адæмæн йæ рæсугъд аивад чи лæвар кæны, уыдон, хъыгагæн, бирæ не сты. Фæнды мæ нæ газеткæсджыты базонгæ кæнын æрыгон зарæггæнæг Медойты Асланимæ.
Аслан райгуырд 1994 азы Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы Сунжæйы Скъолайы ахуыры рæстæг зæрдæргъæвдæй архайдта сæ хъæуы национ кæфтыты ансамблы. Бирæ уарзта кафын æмæ зарын. Æдзухдæр хъуыста ирон æмæ уæрæсейаг артистты зарджытæм.
– Бирæ уарзын нæ мадæлон æвзаг, ирон зарæджы зæлтæ. Уый тыххæй бузныг дæн Сунжæйы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Багаты Исидоры чызг Земæйæ. Уый мын бауарзын кодта ирон æвзаг. Фыццагдæр мæ Земæ рахуыдта сценæмæ, уæд зæрдылдаргæйæ аив бакастæн
æмдзæвгæ мадæлон æвзагыл. Уый фæстæ ма архайдтон æмдзæвгæ аив кæсынæй раздæр районы, стæй та – республикон ересты æмæ дзы хорзæхджын æрцыдтæн Кады гæххæттæй. Зарынмæ мæ йæ рæсугъд хъæлæсæй чи сразæнгард кодта, уыдон уыдысты мæ уарзон зарæггæнджытæ Суанты Ким æмæ Дмитрий Хворостовский. Хъыгагæн, не ’хсæн нал сты, рухсаг уæнт. Сæ фæстæ цы хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ ныууагътой, уыдон стыр æххуыс сты махæн – æрыгон зарæггæнджытæн, – зæгъы Аслан.
Скъолайы фæстæ Медойыфырт дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Хæххон паддзахадон аграрон университеты электронон факультетмæ, фæстæдæр та раивта биотехнологон факультетмæ. Ахуыры рæстæг зæрдиагæй архайдта студентонвокалон къорды, конкурс «Студенческая весна»-йы.
– Фæнды мæ уæлдай арфæ ракæнын аграрон университеты Культурæйы галуаны директор Фадзайты Фатимæйæн. Мæ бон зæгъын у уый, æмæ Фатимæ бирæ æрыгон курдиатджын фæсивæдæн баххуыс кодта, ратта сын ныфс æмæ фæндаг профессионалон сценæмæ. У тынг цæстуарзон æмæ хæларзæрдæ адæймаг. Йæ цæрæнбон бирæ уæд! – бафтыдта ма йæ ныхасыл Аслан.
Аграрон университеты ахуыры рæстæг Аслан архайдта алыхуызон аивадон конкурсты, æмæ нæ республикæйы Культурæйы, стæй Физикон культурæ æмæ спорты министрадтæй æмæ Фæсивæды хъуыддæгты комитеты номæй бирæ хæттыты æрцыд хорзæхджын Кады гæххæттытæ æмæ сæрмагонд дипломтæй. Архайдта районы æмæ республикон конкурстæ «Ацæмæзы уадындз», «Мы помним» (Фыдыбæстæйы Стыр хæсты зарджытæ), «Синий платочек», «Эхо военных дней» æмæ иннæты.
Университет каст фæуыны фæстæ Аслан ахуыр кæнынмæ бацыд Гергиты Валерийы номыл Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжмæ. Зарæггæнæджы дæсныйады сусæгдзинæдтæ йын уым цæстуарзонæй амыдта дæсны педагог Кочиты Хасан. Хъыгагæн, цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ йæ ахуыр кæронмæ нæ ахæццæ кодта, фæлæ, чи зоны, хæстæгдæр фидæны йæ къухы уыцы хъуыддаг дæр бафта.
Аслан ныридæгæн, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй зары Суанты Ким, Дмитрий Хворостовский æмæ Муслим Магомаевы зарджытæ. Куыд зонут, афтæмæй сын уыдис тыхджын æмæ рæсугъд хъæлæстæ, адæм сæ бирæ уарзтой. Æмæ кæд æрыгон зарæггæнæг йæ ныфс хæссы сценæйæ сæ репертуарæй пайда кæнын, уæд уый ууыл дзурæг у, æмæ йын йæ хъæлæсы ахорæнтæ æмæ миниуджытæ, тембр, йæ дæсныдзинад уыцы фадат дæттынц. Уæдæ нæ зæрдæ дарæм, фидæны йæ репертуары, йæхицæн сæрмагондæй фыст чи æрцыд, ахæм зарджытæ дæр кæй фæзындзæн, ууыл.
Ныртæккæ Медойты Аслан кусы Горæтгæрон районы Октябрыхъæуы Культурæйы галуаны. Уырдæм æй æрбахуыдта Ацы уагдоны директор Мæхъиты Хадизæ. Хи ныййарæг мадау кæстæртыл йæ арм кæй дары, уый тыххæй дзы бузныг у Аслан дæр.
Медойы-фырт зæрдиагæй архайы хæрзаудæн акциты, фæзары хистæр кары адæмæн, æнæкуыстхъом æмæ сидзæр сывæллæттæн. Сæ зæрдæтæм сын йæ аивадæй цы рухс æмæ циндзинад хæссы, уый дывæрæй здæхæд йæхимæ. Йæ хъару бирæ уæд æмæ йæ къухы ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ æфтæнт!