Адæмæн хæрзтæгæнæг

0
27

 Мæ ныхас цæуы Ирыстоны зындгонд нæртон лæг Хъæдохты Кирилы фырт Аркадийыл. Аркади Дзæуджыхъæуы консервгæнæн завод аразын куы райдыдта, уæд ыл хъаст бацыд Хъæууон хæдзарады министрмæ, æнæ проектæй завод кæй аразы, уый тыххæй. Æз, куыд управленийы сæйраг инженер, ацыдтæн, завод арæзт кæм цыдис, уырдæм. Куыстуаты дуармæ куы бахæццæ дæн, уæд кæсын, æмæ хъалагъур баурæдта æрыгон сылгоймаджы, йæ ведрайы пъамидортæ рацæйхаста, афтæмæй. Уыцы хабар фехъусын кодтой директорæн. Уымæй размæ æз Аркадийы нæ зыдтон. Уый хъалагъуры размæ куы æрбацыд, уæд сылгоймаг скуыдта æмæ афтæ зæгъы: «Цыппар æнахъом сывæллоны хæссын мæнмæ кæсы, æмæ пъамидортæ уымæн рахастон».

Æз сæм хæстæгдæр мæхи байстон, цыппар сывæллоны кой куы скодта, уæд. Мæ зæрдыл æрбалæууыд, мæ фыд 1942 азы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты куы фæмард, уæд мах цыппар сывæллонæй баззадыстæм æнæфыдæй, æмæ нæ нæ мад иунæгæй, тыхамæлттæй хъомыл кодта. Æз æнхъæл уыдтæн, ныртæккæ Хъæдохыфырт сылгоймаджы арвитдзæн йæ куыстæй. Уый хъалагъурæн бауайдзæф кодта, сылгоймаджы кæй баурæдта, уый тыххæй, цехы хицаумæ фæдзырдта æмæ йын бабар кодта, уыцы сылгоймаджы цас хъæуы халсартæ, уый бæрц ын йæ хæдзармæ арвитæд.

Æз бамбарын кодтон, чи дæн æмæ цæй фæдыл æрбацыдтæн. Аркади мын радзырдта, совхозтæ æмæ колхозтæ кæй æрзайын кодтой хæрзхъæд æмæ бирæ халсартæ. Куы фесæфой, уымæй тæссаг у, æмæ, дам, мыййаг, истæмæй рæдийын? Мæ бон арфæ ракæныны йеддæмæ ницы уыдис ахæм хорз куысты тыххæй.

Æхсæвæйбонæй куыста, æмæ йæ республикæйы хицауад снысан кодтой Хъæууон хæдзарады министры хæдивæгæй. Уыцы бæрнон бынаты йæ алыварс æрбамбырд кодта республикæйы хуыздæр специалистты. Бацархайдта æмæ алы районы дæр сарæзта консервгæнæн заводтæ. Архайдта, цæмæй колхозтæ æмæ совхозтæ фылдæр æргом здахой халсарты куыст кæнынмæ. Уыдон Аркадийы разамындæй иумæйагæй архайдтой, цæмæй заводтæ æнæкъуылымпыйæ кусой. Республикæйы размæ уыдис хæсæвæрд, æмæ йæ æххæст кодтой уæлдайджынтæй. Æрмæст совхоз «Россия» йæхæдæг иу сезонмæ лæвæрдта халсартæ 1718 мин тоннæйы.

Арæхиу Аркади бæрæг кодта, быдырты куыст куыд цæуы, уый æмæ бирæ организацитæн æххуыс кодта йæ зонд æмæ хъаруйæ. Бирæ тыхст адæмты сæ къæхтыл слæууын кодта, æмæ йæ уымæ гæсгæ абон дæр адæм бирæ уарзынц. Гыццыл хæрзты нæ бацыд Ирыстонæн. Нæ сыхаг адæм махмæ æнæнхъæлæджы куы æрбалæбурдтой, уæд цæттæ нæ уыдыстæм нæхи бахъахъхъæнынмæ. Хъæдохы-фырт тынг бацархайдта, цæмæй адæм сæхиуыл фæхæцой æмæ сæхи бахъахъхъæной.

Цалдæр хатты Аркади уыд республикæйы Парламенты депутат. Уым йæхи кæддæриддæр æвдыста хъæппæрисджынæй, алкæддæр архайдта адæмы цард фæхуыздæр кæныныл. Йæ куысты уыд æргомдзырд. Хицауадæйиу исчи раст куы нæ дзырдта, уæдиу иннæ депутаттæ кастысты, Аркади цы зæгъдзæн, уымæ, æмæиу йæ фæндон æнæмæнгæй фидарæй загъта.

Æвæццæгæн æмæ ахæм адæймаг нæй, Аркадимæ чи баулæфыд æмæ кæмæн нæ баххуыс кодта. 1992 азы мæм фæдзырдта æмæ загъта: «Тедеты Павелы фæндæй Уæлладжыры комы Тибы хъæуы аразын байдыдтой санатори, 500 бынаты кæм ис, ахæм. Фæлæ ныр Павел нал кусы, арæзтад ныллæууыд, цы арæзт æрцыд, уый дæр уарынтæм хæлы. Фæнды мæ, цæмæй йæ фенæм иумæ æмæ, кæд гæнæн ис, уæд æй саразæм». Ацыдыстæм Тибы хъæумæ. Санатори куы федтон, уæд ыл цыма бомбæтæ æркалдтой, уыцы хуызы уыд, йæ къултæ згъæлын байдыдтой, бæлæстæ сыл æрзадысты. Бавнæлдтам санатори аразынмæ. Уыдис дзы радон мадзалæй кусджытæ, ома, æхсæв дæр цардысты бынаты æмæ куыстой  340 адæймаджы.

Тибмæ цæугæйæиу дардæй куы бакастæн, æмæиу куы федтон, арæзтад куыд рæсугъд кодта, уый, уæдиу мæ зæрдæ барухс, уæдæ Тедеты Павелы фæндон сæххæст уыдзæн, зæгъгæ. Проекты уæлæмхасæн ма сарæзтам дыууæ мæсыджы, Дон-Тиб1 кæм ис, уырдæм бынмæ бетонæй къахвæндаг сарæзтам, Дон-Тиб2 кæм ис, уым та – хæдзар æмæ йæм хъуамæ бауагътаиккам Дон-Тиб2. Цæмæй, уым чи улæфа, уыдон дзы сæ фæллад уадзой æмæ дон нуазой. Цæугæдоны сæрты сарæзтам хид, цæмæй адæм доны иннæ фарсмæ цæуой, уым ис хорз æрдз, стæй дзы ис хæрзад суадæттæ. Бирæ бакуыстам санаторийыл, цæмæй йæ къæхтыл слæууа, проекты нæ уыдис, фæлæ Хъæдохты Аркади у дардмæуынаг, æмæ уый фæндонмæ гæсгæ райдыдтам аразын, мæнæ ныртæккæ цы Мамысоны фæндаг аразынц, уый. Сæвæрдтам дзы электрон тыхы трансформатор, Зæрæмæджы хъæуæй Тибы хъæумæ фæндаг сарæзтам асфальтæй. Санаторимæ бауагътам электрон тых 6 киловольтæн (тел) хыз. Санаторийы арæзтад цæттæ уыд 85 проценты. Æрмæст ма хъуыд рацаразын бæстыхай æмæ фæзуат ссыгъдæг кæнын. Æххæст кæронмæ нæма фæцис дзæбæхгæнæн корпус, хъармдæттæн, стæй уыдонæн трансформатортæ дæр уыдысты арæзт. Чииу бацыд хицауадæй уырдæм, уыдониу дис кодтой, арæзтад куыд хорз цæуы, ууыл!

Иу бон та мæ Аркади акодта Дыгуры районы Урсдоны хъæумæ, раздæр ГЭС арæзт кæм уыдис, уырдæм. Уым ма баззадысты æрмæстдæр йæ къултæ, уыдон дæр хæлдысты. Аркади мæ бафарста: «Ам кæддæр уыдис ГЭС æмæ, фæстæмæ цæмæй кусын райдайа, уый тыххæй цы хъæуы, цы хос ын ис?» Дзуапп ын раттон: «СевКавказэнерго»-йы базондзынæн, проект ын чи кодта, æмæ йæм бæлвырд æркæсдзынæн». Иннæ бон базыдтон, проект ын кæй кодта Пятигорскы проектон институт. Ацыдтæн æмæ æрбаластон уырдыгæй проекты къопитæ. Æркастæн сæм лæмбынæг, стæй Аркадийæн загътон, саразæн ын ис, фæлæ ахæм ифтонггарз сфæлындынæн зын ссарæн кæй у, уымæн æмæ ахæм турбинæтæ Советон Цæдисы нал аразынц. Турбинæтæ дæр кæмдæр Аркади саразын кодта, адæмæн мызд хорз фыста, уый тыххæй æхсæвæйбонæй куыстой. Хъаруджын инженертæ Зæнджиаты Хъазыбег æмæ Уæдаты Муссæ сарæзтой, цыдæриддæр хъуыд технологон æмæ электрон æгъдауæй, уыдон. ГЭС арæзт æрцыд ныры домæнтæм гæсгæ пъланæй раздæр.

Алкæддæр йæ кад, йе ‘гъдау Аркадийæн цыдысты æмæ ныр дæр цæуынц йæ разæй. Бирæ мад æмæ фыд сæ сывæллоны схъомыл кæнынц, цæмæй бинонтæ скæна, сывæллæттæ схъомыл кæна, адæмы ‘хсæн кадджынæй цæра, фæлæ Аркадийы мад æмæ фыд схъомыл кодтой адæмæн хорздзинады тыххæй. 80 азы йыл куы сæххæст, уæд æй нæ республикæйы уæды Сæргълæууæг Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта майдан «Ирыстоны намысæн»-æй.

Гæлæбуты Мухарбег,
фæллойы ветеран, газет «Рæстдзинад»-ы æхсæнадон уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here