РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд скодта, уым ныхас рауад бирæкъабазджын центрты куысты рæзты фарстатыл.
Цæгат Ирыстоны ныртæккæ сæ куыст кæнынц бирæкъабазджын центрты 11 хайады, уыдонæй 3 сты Дзæуджыхъæуы, 8 – районты. Хицæн фæзуатон структурон дæлхайады сты 64, иунæг кусы чысыл амалхъомады минæвæрттимæ.
Æдæппæтæй адæмæн 207 рудзынджы лæггад кæнынц. Бирæкъабазджын центры разамонæг Цуциты Иринæ куыд радзырдта, афтæмæй æххæст кæнынц 388 федералон, регионалон æмæ муниципалон лæггады. Уыцы иунæг рудзынджы руаджы лæггад райсынхъом сты цæрджыты 98 проценты.
Алы ран дæр адæмы бон у балхæнын æмæ ауæй кæныны тыххæй документ, сывæллæтты фиддонтæ райсын, хи хæдзары йæхи ныффыссын, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайыны тыххæй хъæугæ гæххæтт райсын æмæ ма æндæр лæггæдтæ.
Дзанайты Барис бафæдзæхста, цæмæй æппæт бæрнон ведомствæтæ дæр сæ хъус дарой бирæкъабазджын центрты куыстмæ. «Хъуамæ лæггæдты нымæцыл æфта, уæдæ сæ хæрзхъæддзинад дæр – афтæ. Уæд республикæйы цæрджытæн кæндзыстæм
хуыздæр æмæ ахадгæдæр лæггæдтæ. Алы центр дæр афтæ кусæд, цæмæй адæм исой алывæрсыг æххуыс, æнкъарой кусджыты дæсны архайд, фадæттæ. Центрты саразын хъæуы æнæхцайæ бафидыны фадæттæ дæр», – загъта Хицауады Сæрдар.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ