Паддзахадон-амалхъомадон æмгуыстады бындурыл

0
48

Республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады раз Аналитикон центры экспертон сессийы йæ раныхасы радзырдта, паддзахадон-амалхъомадон æмгуыстады тыххæй бадзырдты руаджы Цæгат Ирыстоны спорты къабазы проекттæ царды уагъд куыд цæуынц, уыцы фæлтæрддзинады тыххæй.

Мадзалы æркастысты паддзахадон-амалхъомадон æмгуыстады æххуысæй дзыллон спорты объекттæ аразын æмæ бындурон рацарæзты нормативон акттæм ивддзинæдтæ бахæссыны фарстатæм. Цæгат Ирыстоны ахæм æмгуыстады фæлгæты Дзæуджыхъæуы фылдæр адæм кæм цæры, уыцы районтæй иуы арæзт цæуы физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс «Клеверспорт» спортивон кластеры бындурыл. Ардæм æввахс сты Спорты галуан «Тхэквондо», спортивон хъæбысхæсты тренировкæтæгæнæн центр, Ихын аренæ, теннисон клуб «Асгард». Уымæй уæлдай ма спортивон кластеры фæзуаты паддзахадон-амалхъомадон æмгуыстады бадзырдты æххуысæй арæзт æрцæудзæн спортивон комплекс стыр теннис æмæ паделтеннисæй архайынæн.

– Цæгат Ирыстоны спортивон инфраструктурæйы объекттæ аразыны проекттæ æнтыстджынæй царды уагъд кæй цæуынц, уымæ гæсгæ мах растыл нымайæм паддзахадон-амалхъомадон æмгуыстады механизмты рæзты компетенциты центр скæнын Цæгат Кавказы федералон зылды фæзуаты. Уый зылды субъектты проекттæн разæвæрдтæ æнцондæрæй бацæттæ кæныны куыст фæрогдæр кæндзæн, стæй ратдзæн фадат уагдæтты бындурыл, амалхъомтæн дæр æмæ регионтæн дæр пайда чи æрхæсдзæн, ахæм нвестицион проектты хъæугæ гæххæттыты комплекттæ бацæттæ кæнынæн, – загъта вице-премьер.

Сессийы ма ацы фарстаты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой регионтæ æмæ бизнес-æмбалады минæвæрттæ. Уыдон, æнæмæнг, фидæны фæахъаз уыдзысты, куыд федералон, афтæ регионалон æмвæзадыл дæр, паддзахадон-амалхъомадон æмгуыстады механизмтæ фæхуыздæр кæнынæн, хицауады оргæнтæн бирæ цымыдисаг проекттæ царды уадзынæн.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here