«Таурæгъ æнусы уадындзыл»

0
29

Æрæджы бæхты театр «Нарт» Ирыстоны аивадуарзджытæн бæлавар кодта ног спектакль. Премьерæмæ бирæ адæм æрбацыд. Сценæйыл – ног декорацитæ, фæссценæ та актертæ сæхи цæттæ кæнынц, сæ уæлæ барынц ног дарæс. Уыдон хуыд сты скифты-сæрмæтты культурæмæ гæсгæ, сæ иуæй-иутæ та – къухæй конд.

Цæттæ кæнынц цыппæркъахыг театры артистты дæр – бæхты, цæмæй сæ архайд адæмы зæрдæмæ фæцæуа. Бæхтæм хъæуы хицæн ахаст. Хъазиты Нателлæ хъазы тымыгъты бардуаджы ролы. Сценæйыл йæ бæхыл фæзынд, æмæ йыл театрдзаутæ фембæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, репетицитæ æнцон нæ рауадысты, фæлæ артистты тухæнтæ нæ фæдзæгъæл сты – спектакль уыд диссаджы мидисджын æмæ аив.

«Таурæгъ æнусы уадын-дзыл» – афтæ хуыйны спектакль. Йæ бындуры æвæрд ис æрыгон лæппу нарты Ацæмæз æмæ рæсугъд чызг Агуындæйы уарзондзинад. Се ‘хсæн – уадындз, Хуыцауы лæвар. Сæйраг архайджытæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой, фæлæ уарзондзинад тыхджындæр разынд.

Спектакль цыбыр рæстæгмæ кæй бацæттæ кодта труппæ, уый тыххæй бузныг зæгъын хъæуы режиссер Валерий Поповæн.

Аивадуарзджытæ федтой цирхъæй лæгæй-лæгмæ тох, национ кæфтытæ, æнахуыр сценикон дарæс. Залы бадджытæ сæ зæрдæмæ хæстæгдæр райстой нарты цардыуаджы æгъдæуттæ. Спектакль «Таурæгъ æнусы уадындзыл» фенæн уыдзæн декабры дæргъы.

 Кæлухты Фатимæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here