Нæ зоныны фыдæй – рæдыдтытæ

0
33

Газет «Рæстдзинад»-ы ма редакторы хæдивæгæй куы куыстон, уæд мæм, йæ кары чи бацыд, ахæм иу нæлгоймаг æрбахаста æнахъинон æрмæг. Йæ сæргонд уыд «Джеор æмæ Гуыба». Кæсын æй куы райдыдтон, уæд уайтагъд бамбæрстон, авторы фантази кæй у, уый. Джеор æмæ, дам, Гуыба уыдысты лæг æмæ ус, æмæ уыдон ном хæссы нæ фæззыгон кадджын бæрæгбон, Уастырджимæ кувæн къуыри Джеоргуыба. Æз ын номы равзæрд биноныг бамбарын кодтон, æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма мемæ сразы ис. Фæлæ, фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй йæ районы газеттæй кæцыдæры ныммыхуыр кæнын кодта.

Ныр та Интернеты нæ æнахъинонтæ стынг кодтой, Джеор æмæ Гуыба æфсымæртæ кæй уыдысты, уый тыххæй. Худинаг æмæ аллайаг! Джеоргуыба  гуырдзиаг ном кæй у, уый бирæтæ зонынц. Нæ зонынц, «Саниба» дæр гуырдзиаг дзырд кæй у, уый. Амоны иронау «æртæ  Иуоны» (уырыссагау Троица). Гуырдзиагау Сани-Сами дæр амоны «æртæ». «Ерты», «ори», «сами» («сани») иронау сты «иу», «дыууæ» æмæ «æртæ», «ба» – бæрæгбон (æртæ Иуоны бæрæгбон). Ис ма сæм бæрæгбон Тбилисоба дæр.

Джеоргуыба  рагон ирон бæрæгбон кæй у, уый бæрæг у, адæмон сфæлдыстады дæр ыл кæй æмбæлæм, уымæй. Ном Джеор-гуыба арæзт у чырыстон дины сыгъдæг уд, æрыгон хæстон лæг Георги æмæ гуырдзиаг дзырд «оба» – бæрæгбонæй. Ома, Джеорг (Георг) + уыба (оба) – Джеоргуыба, Джеоры (Георы) бæрæгбон. Бæрæг у, чырыстон дин Ирыстоны цы гуырдзиæгтæ – дины кусджытæ парахат кодтой, уыдон зæрдиагæй кæй бакуыстой, нæ фæззыгон кадджын бæрæгбон, Уастырджимæ кувæн къуыри Георгийы номимæ кæй бабастой, уымæй. Кæд раздæр æмæ ныр дæр ирæттæм ацы бæрæгбон Уастырджиимæ баст у, уæддæр æй Джеоргуыба хонын райдыдтой. Кæд бæрæгбоны йæ кой дæр не скæнынц, фæкувынц æрмæстдæр Уастырджимæ, уæддæр сæм Сыгъдæг Георги дæр кадджын у. Уæддæр сæм йæ бæрæгбон вæййы йæ райгуырæн боны – 6 майы.

Уастырджийы фæлгонц нæ ахуыргæндтæ баиу кодтой скифты фыдæл Таргитаимæ. «Уымæй  сæ равзæрд нымайынц скифтæ, æмæ куы амард, уæд Хуыцауы цурмæ ацыд», – фыссы историйы фыд Геродот. Куывтой йæм нæ рагфыдæлтæ – скифтæ. Сæ нæмттæ Таргитай æмæ Уастырджи дæр сты иу. Тарги + тай æмæ Уаз + тарги «Таргитайы тай» у рагон бердзенаг дзырды кæрон, Уастырджийы та разæфтуан «уаз» ирон дины амоны, уæларвон кæй у, уый.

Уастырджи ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ зæдтæй у, Иунæг Стыр Хуыцаумæ æппæты æввахс чи лæууы, ахæм. Уымæн Хуыцауы хæдзары дуар æдзухдæр у гом. Зæхмæ, ирон адæммæ дæр ратæхы Хуыцауы разæй, йæ хæрзтæ сын рахæссы. Стыр Хуыцау æмæ ирон адæмы æхсæн у дыууæрдæм минæвар. Ирыстон зæххыл кæмыты æрбадт, уыцы бынæттæ ирон адæмæн систы кувæндæттæ. Афтæ равзæрдыс-ты Хетæджы, Къобы, Дзывгъисы, Рекомы, Джеры, Хурхоры, Дыгуры, Ныхасы æмæ æндæр рæтты Уастырджимæ кувæндæттæ. Зындгонд Байаты Гаппойы рагон ракуывды хуымæтæджы афтæ загъд нæй: «О, Иры Уастырджи, баххуыс кæн! Бызыбын – дæ рындзылбадæн, Дзывгъисы кувæндон – дæ бонасадæн, Ломисы рагъыл – дæ бæхбæттæн». Ирон адæм æй фырбуцæй хонынц «Сыгъзæрин Уастырджи», «Хъæбатыр Уастырджи», «Зæринбазыр Уастырджи». Кæнынц ыл кадгæнæг зарджытæ. Сылгоймæгтæ йын йæ ном нæ дзурынц, хонынц æй «Лæгты дзуар».

Уастырджийы бæх æрткъахыг у æви æртæкъахыг?

Уастырджийы фæлгонц ирон адæймаджы цæстытыл ауайы урс  бæхыл бадæг бæрзонд, бæзæрхыг, аив фæлыст урсзачъе мидбылхудгæ ас нæлгоймаджы хуызы. Афтæ æвдыст цæуы адæмон сфæлдыстады, стæй нывкæнынады.

Уастырджийы бæхæн йæ цæфхæдтæ цæхæр калынц, арт уадзынц, æмæ йæ хонынц æрткъахыг æфсургъ, аласа, уадсур бæх. Дзырд «æрткъахыг» чидæртæ рахонынц æртæкъахыг. Уый у ирон æвзаг нæ зоныны фыдæй рæдыд. Ирон æвзаджы ма ис ахæм дзырдтæ: æртхурон, æртытæ, æртыскæн, æртхутæг æмæ æндæртæ, нымæцон «æртæ» бар кæмæ нæ дары, ахæмтæ. Æниу зæдты хистæр, карджын Уастырджи сахъат æртæкъахыг бæхыл цæмæн хъуамæ бада?! Тæхгæ-тæхын æй къæхтæ нæ хъæуынц, фæлæ, зæххыл куы æрбады, уæд æртæ къахыл куыд хъуамæ цæуа?

Æмбæстаг æви æмзæххон?

Къоста йе ‘мдзæвгæ «Ракæс»-ы фыссы:

«Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр

Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,

Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!»

Фæлæ кæмæдæрты Къоста уæлиау æвæрд нæу, æмæ дзырд «æмбæстаг»-ы бæсты уырыссаг дзырд «земляк» комкоммæ ратæлмац кæнынц, «не ’мзæххон», зæгъгæ. Афтæмæй та, ирон адæмон сфæлдыстадыл æнцой кæнгæйæ, махæн не ’мзæххонтæ сты, зæххы цъарыл цы адæмтæ цæры, уыдон се ’ппæт дæр. Нарты кадджыты архайджытæй чидæртæ уæлæрвтæм дæр тæхынц. Косер царди уæларвы, цалынмæ йæ Сослан нæ ракуырдта, уæдмæ. Ис æм тæхгæ мæсыг æмæ йæ ракетæйау уæларвмæ суадзы кæнæ æруадзы Зæхмæ. Æвæццæгæн, нæ рагфыдæлтæн бастдзинæдтæ уыд уæларвы æндæр планетæты цæрджытимæ. Æмæ сын æмзæххонæй æмбæстаг кадджындæр, хиондæр уыд.

Ахуыргæндтæ куыд фыссынц, уымæ гæсгæ æндæр планетæтыл цæрджытæн сæ æрбадæн бынат Кавказы уыд Эльбрусы хох. Фыдракæндты Гитлер Эльбрусы хохмæ схизын æмæ ацы фарста раиртасынæн сæрмагонд къорд хуымæтæджы не ’рцæттæ кодта. Фæлæ йе ’ппæт фæндтæ дæр йæ хъуыры фæбадтысты…

Тæхгæ мæсыг ис Сосланы фыццаг ус Бедухайæн дæр. Ацырухс та у Хуры чызг, æмæ йæ цалынмæ Сослан нæ ракуырдта, уæдмæ цард авд уæйыджы галуаны, уыд сæ хъан, Сослан йæ мойаг кæй у, уый та зонгæ кодта æмæ йæм æнхъæлмæ каст.

Бынаты бардуаджы æхсæв хæйрæджыты æхсæв нæу!

Ирон адæмон сфæлдыстад нын куыд зæгъы, афтæмæй фыццаг адæм æмæ хæйрæджытæ иумæ цардысты. Фæлæ, хæйрæджытæ адæмы кæй сайдтой, рæстмæ цæрын сæ кæй нæ уагътой, уый фыдæй сæ Стыр Хуыцау фæтары кодта: æхсæвæй сæ бонмæ нал уадзы. Гъе уымæ гæсгæ сæ боныгон ничиуал фены. Алы æхсæв дæр у уыдоны. Сты хæрам тыхтæй. Бынаты бардуаг та у хæлар тыхтæй.

Бынаты бардуагæн афæдз иу хатт, Ногбоны фæстæ, вæййы бæрæгбон. Æмæ-иу уыцы æхсæв фæсдуар хæйрæджытæн дæр æрæвæрдтой хицæн фынг: луаситæ, къуымæл æмæ гуыл – сæ лæппынтæн. Сæ зæрдæ сын æлхæдтой, цæмæй сæм мацы бар дарой. Кувгæ сæм нæ кодтой æмæ нæ кæнынц. Æмæ уыцы æгъдау чидæртæ фæуæлдæр кæнынц.

Бынаты бардуаг та у табуйаг, фæдзæхсынц ыл бинонты, уæлдайдæр та – кæстæрты. Кувынц æм зæрдиагæй, кад ын кæнгæйæ. Ис хæлар æмæ хæрам тыхты æхсæн. Æмæ йæм чи кувы, уыдоны фæнды, цæмæй æдзухдæр уа хæлар тыхтимæ, ма сæм фæхæрам уа æмæ хæрам тыхты фарс ма æрлæууа.

Скувын æмæ бакувын

Бирæтæ хæццæ кæнынц ацы дзырдты нысаниуæг дæр, суанг ма кæмæдæрты нымад дæр не сты æмæ ныллæууынц, ракувын растдæр у, зæгъгæ.

Ирон адæм кувынц Стыр Хуыцаумæ, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм. Стыр Хуыцау ис æвдæм уæларвы, зæдтæ та – уæларвы, æмæ сæм хъæуы скувын. Дауджытæ сты зæххыл, æмæ сæм хъæуы бакувын. Зæгъæм, нæ Бынаты бардуагмæ бакувæм. Хъæриуы хох æмæ Уазайы цъупп сты зæдты уынаффæдонтæ. Ам фембæлынц дауджытимæ Зæххон фарстаты фæдыл ныхасы.

Мæрдæхсæвæр хист нæу!

Æнæмæлгæ дуне нæй. Æмæ, адæймаг цардæй куы ахицæн вæййы, уæд æй ирон адæм баныгæнынц æртыккаг бон. Уый размæ йæ бæлццоны хуызæн саразынц, йæ уæлæдарæс æмæ чырын ын ныффæлдисынц æмæ йæ хицæн уаты равæрынц. Уæдмæ йын хæдзары фæстаг æхсæвмæ хиуæттæ  æрцæттæ кæнынц йæ фæстаг æхсæвæр. Марды хæдзары арт кæнын нæ фæтчы. «Мæ арт бауазал уа», кæнæ «Мæ арт ахуысса» – сылгоймæгтæ ахæм сомытæ хуымæтæджы нæ фæкæнынц.

Ног мардæн йæ мæрдæхсæвæр йæ чырыны раз фынгыл ныххæлар кæнынц сыхы æмæ йæ мыггаджы хистæртæй дыууæ лæджы. Уый фæстæ ма йын дзы рухсаг фæзæгъынц æхсæвбадджытæй чидæртæ.

Сыхбæсты æгъдаудæтджытæ уыцы æхсæв æрбадынц иумæ хистæрæй-кæстæрмæ. Æмæ алыг кæнынц бирæ фарстатæ. Сæ сæйрагдæртæ сты, фынгыл хистæрæн чи баддзæн, сыхы номæй саударæн æмбырд чи байгом кæндзæн, æрцæуæг адæмæн арфæ чи ракæндзæн, сæ размæ чи рацæудзæн бузныг зæгъынмæ. Хъæуты та ма сбæлвырд кæнынц ингæнкъахджыты.

Уый у ирон мæрдæгъдау. Фæлæ бирæ рæтты мæрдæхсæвæрæй хæрнæджы размæ хист ацаразынц. Мард ма уæлтæрхæг вæййы, йæ чырыны – йæ хæдзары фæстаг æхсæв, афтæмæй æргæвдинаг бакой кæнынц, уæларт æй бавæрынц, кæд мæрдджыны хæдзары арт кæнын ирон æгъдау нæ уадзы, уæддæр. Фынгтæ равæрынц æмæ нæлгоймагæй, сылгоймагæй рабадынц. Худинаг æмæ аллайаг!

Фыдрайсом  райсом нæу!

Нæ зоныны фыдæй иу æнæхъола рæдыд кæнынц Рахизфарсы районы иуæй-иу хъæуты. Мард куы бавæрынц, уæд йæ бинонтыл дыккаг бон скæны фыдрайсом. Сæ мардыл, кæй зæгъын æй хъæуы, фæрыстысты, фæлæ ма мардæй сæ хæдзары уыд. Ныр æй нал уынынц æмæ никуыуал фендзысты. Уыцы райсом уæлмæрд-мæ ацæуынц, семæ рухсæггæгтæ ахæссынц, стæй сугтæ-къæцæлтæ æмæ йын йæ ингæныл къæцæлтæй арт скæнынц, йæ арты хай йын ныффæлдисынц. Къоста дæр ма нын куы фыссы: «Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг».

Рахизфарсы районы иуæй-иу хъæуты та фыдрайсом бæттынц фыдимæ, дзидзаимæ. Æмæ хæрнæджы фынгисæггæгтæй фыдджынтæ кæныныл балæууынц.

Нæуæвæрын æмбæлы

Мæрдæгъдау «зæрдæвæрæн» у уалдзæджы ног мардæн йæ ингæнмæ базилын. Цæмæй йæ уæлмæрдыл хæмпæлгæрдæг ма æрзайа, уый тыххæй та, мæхсикъ кæрдæг кæм зайы, уырдыгæй ист зæххы тъыфылтæй йæ бамбæрзын. Кæрдæгджын зæхх иронау хуыйны зæлдфæлыст. Зæлдфæлыст нæуыл зайы кæрдæг мæхсискъ, картофы дæр иннæрдæм чи ахизы, ахæм. Уый фарсмæ хæмпæлгæрдæгæн бынат нæй. Æмæ нæ хæхбæсты уæлмæрдты йæ кой дæр нæй, зæлдфæлыст сты.

«Зæлдæвæрæнæй» чидæр «зæрдæвæрæн» ацарæзта æмæ, зæлдæ цъæх кæрдæг кæй у, уый бирæтæй рох кæнын райдыдта. Уый фыдæй сæ ног марды уæлмæрдыл нæуцъар нæ сæвæрынц, фæлæ йыл цы кусарт акодтой, уый зæрдæ баныгæнынц. Æмæ марды уæлмæрд куыйтæн, гæдытæн къахинаг фæвæййы. Худинаг æмæ аллайаг!

Дзырд «зæлдæ» ирон адæм рох кæнын райдыдтой æмæ «зеленый город» тæлмац кæнын райдыдтой «цъæх горæт», «уалдзæджы зæлдфæлындæн рæстæг» дæр ничи-уал дзуры. Дзырд «зæлдæ» дыгурон диалекты нырма дæр фидар æвæрд у.

Фатимæ нæу! Ацырухс у

Дзæуджыхъæумæ Беслæны ‘рдыгæй æрбахизæны нын кæддæр-уæддæр бантыст Нарты кадджытæй Ацырухсы егъау фæлгонц згъæр тæгтæй сæвæрын. Хæрдмæ бæрзонд фæцыд, дардæй дæр æй цæст ацахсы. Йæ сæрмæ йæ къухты дары йæ фыд Хуры фæлгонц. Буц дзы у, æмæ уымæн! Нæ таурæгъон фыдæлтæ Нартæн Хуримæ дæр уыд хæстæгдзинад. Сосланы цардæмбал Ацырухс уыд Хуры чызг. Сæ фарн бирæ, уæд ацы фæлгонц скæнын æмæ йæ ам сæвæрын кæй хъуыдыйы æрцыд, уыдонæн. Фæлæ йыл цыдæр сæрхъипп Фатимæ ном авæрдта. Æмæ ма йæ абон дæр чидæртæ афтæ хонынц. Афтæмæй та ацы номмæ ницы бар дары. Уый дæр та дзурæг у, нæхи кæй нæ зонæм, ууыл!

«Фатимæ» у араббаг ном. Ахуыргонд Алим Гафуров æй йæ наукон чиныг «Имя и история»-йы араббаг, тюркаг, ирайнаг æмæ таджикаг нæмтты номхыгъды араббаг æвзагæй тæлмац кæны куыд «отнятая от материнской груди».

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here