Боны фæткы – коррупциимæ тохы фарстатæ

0
80

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй уыд Коррупцийы ныхмæ тохы фарстаты фæдыл республикон къамисы ацы азы кæронбæттæн æмбырд.

Æмбырды сæйраг доклад скодта Цæгат Ирыстоны Контролон-ревизион управленийы разамонæг Дзугкойты Алан. Уый бæстон æрлæууыд, сæрмагонд цæстдарæн ма-
дзæлтты рæстæг управленийы специалисттæ бюджетон закъонæвæрынад æххæст кæныны хъуыддаджы цы æгъдаухæлдтытæ раиртæстой, уыдоныл. Дзугкойы-фырты ныхасмæ гæсгæ, ахæм контролон мадзæлтты рæстæг сæйрагдæр æргом аздæхтæуыд, нысанмæ арæзт федералон программæтæ æмæ фыццаградон национ проекттæ æххæст кæнынæн цы фæрæзтæ дихгонд цæуы, уыдон раст хардз кæныны фарстамæ. Ведомствæйы ревизортæ се ‘ргом аздæхтой паддзахадон æмæ муниципалон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæныны фæдыл бадзырдты æнаипдзинадмæ дæр.

Управленийы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахæм контролон-цæстдарæн архайдæн ис стыр ахадындзинад. Афтæ, азы дæргъы ведомствæйы специалисттæ, фаронимæ абаргæйæ, фылдæр организациты куыстмæ æркастысты, рабæрæг кодтой фылдæр финансон æгъдаухæлдтытæ. Дзугкойы-фырт куыд бафиппайдта, афтæмæй ахадгæ мадзæлттæ арæзт æрцыд, цæмæй уыцы финансон æгъдаухæлдтыты фæстиуджытæ иуварсгонд æрцæуой. Цæстдарæн мадзæлтты фæдыл æппæт æрмæджытæ дæр æрвыст цыдысты барадхъахъхъæнæг оргæнтæм.

Дзуаппон докладæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло управленийы разамындæн бахæс кодта, цæмæй ахæм контролон мадзæлттæ ноджы фæахадгæдæр, фæуæрæхдæр уой. «Уæ цæстдарæн архайд иу уысм дæр ма фæлæмæгъдæр кæнут. Уый фæрцы фадат уыдзæн алыхуызон финансон æгъдаухæлдтытæ ма ’руадзынæн, бюджетон закъонæвæрынад чи халы, уыцы æбæрнон кусджытæн та аккаг ныхкъуырд раттынæн», – загъта Цæгат Ирыстоны разамонæг.

Æмбырды иннæ архайджыты докладтæм байхъусгæйæ æмæ сын хатдзæгтæ скæнгæйæ, фидаргонд æрцыд къамисы куысты пълан фидæн азæн.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here