Республикæйы Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон лæггæдты тарифтæ 2025 азы 1 июлæй сырæздзысты 38,1 проценты онг.
Зæгъæм, электрон тыхы аргъ 12,6 проценты фылдæр фæуыдзæн, æрдзон газ – 10,3 проценты фылдæр. Бырæттæ раласыны аргъ – 7,3 проценты фылдæр, хъармдæттын æмæ тæвд доны аргъыл бафтдзæн 21,64 проценты, уазал доныл – 33,4 проценты. Донуадзыны лæггæдтæ суыдзысты 38,31 проценты фылдæр.
Министрады куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй тарифты рæзт баст у Цæгат Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады рацарæзты фæлварæн программæйы кæй архайы, уыимæ.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй коммуналон лæггæдты рæзт 2025 азы 1 июлæй уыдзæн 19,1 проценты.
Куыд фæзæгъынц, афтæмæй не ‘ппæтæй дæр – хæрзæггурæггаг!
Нæ уацхæссæг