Дзулаты Тамерлан бинонтæн уыди сывæллæтты кæстæр. Хистæрты скъоламæ кæнгæйæ-иу æй йæ мад арæх ныууагъта хæдзары телевизоры раз, рагацау ын Фыццæгæм канал бакæнгæйæ. Тамерлан уæлдай тынгдæр уарзта телебакаст «Смак»-мæ кæсын, æвдыстой дзы хæринæгтæ кæныны сусæгдзинæдтæ.
Куыдфæстæмæ хæринаггæнæджы дæсныйад тынгæй-тынгдæр цæуын райдыдта лæппуйы зæрдæмæ. Йæхæдæг дæр-иу сæхимæ пецы къæйы раз алæууыд æмæ йæхицæн исты хæринæгтæ цæттæ кодта. Йæхæдæг куыд мысы, афтæмæй райда-
йæны хъуыддæгтæ бынтон хорз нæ цыдысты, бирæ хæлц-иу сфæлхас кодта бынтон дзæгъæлы. Фæлæ уæддæр йæ фидæны дæсныйадыл йæ зæрдæ нал ивта, фидарæй скарста – уыдзæн хæринаггæнæг. Йе ’мбал скъоладзаутæй иутæ бæллыдысты космонавттæ суæвынмæ, иннæтæ сæхи цæттæ кодтой юристтæй кусынмæ, зындгонд дохтыр суæвынмæ… Тамерлан та йæ фидæн уыдта æрмæстдæр хæринаггæнæджы бынаты…
Лæппу схъомыл Дзæуджыхъæуы хуымæтæг бинонты ’хсæн. Йæ фыд куыста аразæгæй æмæ-иу арæх ацыди дæргъвæтин командировкæты раздæры ССР Цæдисы горæттæм. Мад – бухгалтер. Куыд йæ хо æмæ æфсымæр, афтæ Тамерлан дæр
ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы 3-æм астæуккаг скъолайы. Иуцасдæр спортивон секциты дæр ацархайдта. Фæлæ, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ахуыры раззаг-
дæртимæ нæ уыд, иуæндæсæм кълас фæуынмæ нæ тырныдта, æмæ йæ фарæстæм кълас фæуыны фæстæ йæ мад акодта Дзæуджыхъæуы 7-æм кулинарон училищæмæ. Раст зæгъгæйæ, мады фæндыди, цæмæй лæппу равзæрстаид музыкæ, фæлæ куы бамбæрста йæ фырты фæндон, уæд дыууæ нал загъта, архайæд, дам, йæ зæрдæмæ тынгдæр цы цæуы, уыцы хъуыддагыл. Фыд дæр æппындæр разы нæ уыд Тамерланимæ, уый хъуыдымæ гæсгæ, хæринаггæнæг, рестораны бизнес нæлгоймаджы куыст нæу. Бирæ фæдзырдта Тамерланæн, раст нæ дæ, рæдийыс, зæгъгæ, фæлæ йæ нæ басаста уæддæр – каст фæцис кулинарон техникум.
Техникумы дыккаг курсы ма ахуыр кодта, афтæмæй Тамерлан райдыдта кусын Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты хæрæндоны. Æцæг, йæ куысты фыццаг бон бынтон рæстмæ нæ фæци – хæрæндоны иу ранæй иннæмæ гыццыл уæрдоныл тæбæгътæ ласгæйæ, пъолы дзыхъхъ нæ федта, уæрдон фæфæлдæхт, æмæ сæдæ тæбæгъы æнæ иу цухæй ныддæрæн сты…
Уæвгæ, Тамерланы дарддæры куыстыл уыцы цау зынгæ нæ фæбæрæг, æрвæссыдысты йыл, суанг ма йын иуцасдæр мызд дæр фыстой…
Институты цы уысм бакуыста, уыцы рæстæг ын тынг феххуыс йæ дæсныйады дарддæры рæзтæн, бирæ ног æмæ пайдайаг хабæрттæ дзы базыдта.
Нудæсаздзыдæй Тамерлан ацыд Мæскуымæ æмæ уыцы горæты ресторанты бакуыста аст азы. Фæзынд æм хъæугæ фæлтæрддзинад, зонгæ кодта раззаг-
дæр специалисттимæ. Бамбырд кодта æхца æмæ ацыд Венæмæ Австрийы ресторанты бизнесы Уæлдæр скъолайы ахуыр кæнынмæ. Йæ куысты иу зынгæ æнтыстæй иннæмæ кæй цыди, уый фæрцы йæм фæдзырдтой Саудон Аравийы бакусыны тыххæй.
– Ныртæккæ уал дæн Казахстаны, зæгъы, – Тамерлан, – фæстæдæр та Дубайы байгом кæндзынæн ног проект. Ныртæккæ уал инвестормæ ис æрмæстдæр сæйраг хъуыды æмæ бæстыхай. Иннæ хабæрттыл та бакусдзыстæм дизайнертæ æмæ технологты командæтимæ. Мæнæн та мæ сæйраг хæс у хæринæгты номхыгъд, сæ хъæдыл бакусын, уый фæстæ та – презентаци æмæ проекты чи архайдзæн, уыцы командæ сбæлвырд кæнын. Уыцы ахсджиаг æмæ вазыгджын куыст дæтты бирæ сфæлдыстадон гæнæнтæ адæймагæн, бауырнæд уæ…
Ныртæккæ Тамерлан кусы дыууæ проектыл Казахстаны æмæ авдыл – Дубайы. Фидæнмæ та йæм æнхъæлмæ кæсынц ног проекттæ Ливи æмæ Америкæйы Иугонд Штатты.
Тамерлан йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæй нæ тæрсы, уый нæ, фæлæ ма йæ разæнгард кæнынц ноджы хуыздæр, ноджы нырыккондæр фæрæзтæ æмæ мадзæлттæй архайынмæ. А фæстаг рæстæг цæхгæр сырæзыд ресторанты бизнес, уый Тамерлан фиппайы, йæхæдæг кæм цæры æмæ кусы, уыцы бæстæты – Саудон Аравийы, Кувейты, Катар æмæ Эмиратты. Уыимæ, фылдæрæй-фылдæр хъæуы дæсны специалисттæ.
Йæхи хъуыдымæ гæсгæ, 17 азы цæлгæнæны, пецы уæлхъус куы бакусай, уæд цынæхуызон хæринаг бавзардзынæ æмæ фендзынæ! Уæлдайдæр – Африкæ æмæ Хæстæг Скæсæны. Фæлæ дзы уæддæр æмбал нæй хуымæтæг, хæдзарон хæринагæн. Тамерланæй йе ’мбæлттæ, зонгæтæ фæкурынц, цæмæй сын Ирыстонæй æрбаласа фыдджынтæ. «Æз та сын фæзæгъын – сымах цæхæраджын нæма федтат, нæма! – худы Тамерлан. – Куы сын æй радзурын цыхт æмæ хуымæтæг цæхæрайы сыфтимæ вæййы, зæгъгæ, уæд сæ цæстытæ ныхъхъоппæг вæййынц, нæ сæ уырны…»
Ныртæккæ Дзулаты Тамерланыл цæуы 32 азы, федта бирæ бæстæтæ зæххы къорийы алы кæрæтты, фæлæ уæддæр йæ зæрдæйы хицæн бынат ис райгуырæн Ирыс-
тонæн, уымæн дзы æмбал нæй. Тынг дзæбæх дзуры йæ мадæлон æвзагыл æмæ йæ фæнды, цæмæй кæмфæнды цæрой, уæддæр ирон сабитæ, æнæмæнг, дзурой иронау, уарзой мадæлон æвзаг, хъахъхъæной йæ.
Йæхæдæг, Ирыстонмæ ссæугæйæ, вæййы нæ хæхты, нæ кæмтты, бабæрæг кæны хиуæтты, хæстæджыты, зонгæты, дзæвгар рæстæг арвиты уарзон Дзæуджыхъæуы. Уый азæй-азмæ дæр рæзы, рæсугъддæр æмæ аивдæр кæны.
Тамерланы арæх бафæрсынц, Ирыстоны йæ бизнес никуы байгом кæндзæн, зæгъгæ. Æмæ фæзæгъы æрмæстдæр разыйы дзуапп.
Мæргъиты Фатимæ
(«15 регион»)














