«Булæмæргъ»-ы зæлланг зарæг

0
279

Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы кадæн Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæварады кадджын уавæры 8-æм хатт раттой Дунеон литературон преми «Булæмæргъ».

Ацы конкурс стыр бынат бацахста канд Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы литературон царды. Уый æххуыс кæны рæзгæ фæлтæрæн се сфæлдыстады, разæнгарддæрæй ахуыр кæнынц сæ мадæлон æвзаг æмæ литературæ. Конкурсы фæрцы æвзонг ирыстойнаг фысджытæ æмæ поэтты уацмыстæ дунейы рухс фенынц Уæрæсейы Федерацийы литературон альманахты, семæ зонгæ кæнынц нæ бæстæйы иннæ регионты чиныгкæсджытæ дæр. Уыцы хъуыддаджы ахадгæ куыст кæны Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны
Республикæйы Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Минæварады мадзалы архайджытæ æмæ уазджытæм арфæйы фыстæджытæ æрвыстой Хуссар Ирыстоны Республикæйы Президент Гаглойты Алан æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Арфæ сын ракодтой Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады информаци æмæ мыхуыры департаменты директор, министрады официалон минæвар Мария Захарова, Уæрæсейы Федерацийы адæймаджы бартæм цæстдарæг Татьянæ Москалькова.

Конкурсы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыццаг къæпхæны диплом саккаг кодтой Хуссар Ирыстоны Республикæйы культурæйы министры хæдивæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Мамиаты Григорийæн. «Ирон æвзаджы рæзтыл ахадгæ куыст æмæ националон поэзийы зынгæ уацмысты тыххæй» – ахæм уыд конкурсы къамисы уæнгты хатдзæг.

Дыккаг къæпхæны диплом раттой журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Сæлбиты Дианæйæн сывæллæттæн ирон æвзагыл аргъæутты чиныг «Дианæйы аргъæуттæ»-йы тыххæй. Конкурсы æртыккаг къæпхæны диплом райста Хуссар Ирыстоны таможняйы кусæг Пухаты Игорь. Къамисы уæнгтæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй Игоры сфæлдыстады ис йæхи зæрдæмæдзæугæ хицæндзинæдтæ.

Ацы аз конкурсмæ бахастой номинаци – нырыккон царды хабæрттыл уырыссагау прозаикон уацмыстæ чи фыссы, уыцы автортæн. Уым сæрмагонд дипломæй схорзæхджын кодтой Хуыгаты Артуры.

Æдæппæт конкурсы аивад æмæ литературæйы къабæзты премитæ алы номинациты райстой 30 адæймаджы.

Хæмыцаты Морис

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here