Ссардтой та сын ерыстæй сæ нæмттæ

0
164

Беслæны Спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы 13-14 декабры 28-æм хатт цыдысты Уæрæсейы сгуыхт тренертæ Дзæгъойты Рамазан æмæ Наниты
Оледжы номарæн гом республикон турниры ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй.

15-16 азы кæуыл цæуы, ахæм 246 богалы цы ерысты архайдтой, уыдон рауа-
дысты тынг зæрдæмæдзæугæ.

Æрыгæттæ цы дæс уæзы хæцыдысты, уыдонæй уæлдай ма турниры сæ сæрæн-
дзинад æвдыстой 12-14-аздзыд æвзонг богæлттæ, ерыс кодтой 35, 38 æмæ   41 кг онг æртæ уæзы. Уыдон сæхимæ æркæсын кодтой сæ уæлахизмæ тырнындзинадæй. Æдæрсгæйæ архайдтой, æмæ, кæд æнæрæдыд нæ уыдысты, уæддæр спортуарзджыты зæрдæтæ рухс кодтой.

Æппæты рогдæр уæзы (35 кг онг) фыццаг бынат рамбылдта тренер Хуыбецты Хетæджы хъомылгæнинаг Джиголаты Давид (Андиаты Сосланы номыл скъола). 38 кг онг уæзы уæлахиздзау ссис Беслæны  спортивон скъолайы хъомылгæнинаг Плиты Хетæг (тренертæ – Æрчъегкаты Тотрадз æмæ Георги, Дудайты Эльбрус). Хуыбецты Хетæджы дыккаг хъомылгæнинаг Зыгъуытаты Руслан фыццаг бынат бацахста, 41 кг онг уæзы хæцгæйæ.

Цымыдисаг рауадысты 15-16-аздзыд богæлтты ерыстæ. Алы уæзы дæр фыццаг бынат бацахсыныл цыдысты хъазуатон тохтæ. Лæппутæ сæ кармæ гæсгæ равдыстой хорз техникон цæттæдзинад æмæ уæлахизмæ тырнынад. Ерысты нæ уыд æнæнхъæлæджы  фæзындтæ дæр. Къорд хатты афтæ рауад, æмæ-иу, уæлахизмæ хæстæг чи уыд, уыцы богал æнæнхъæлæджы састы бынаты баззад. Ахæм дæнцæг æрхæссæн ис 51 кг онг уæзы кæронбæттæны фембæлдæй. Фыццаг бынат рамбулыныл тохы бацыдыс-
ты РЦИ-Аланийы республикон спортивон скъолайы хъомылгæнинаг Цæрикъаты Амур æмæ Хуссар Ирыстоны минæвар Санахъоты Ален. Сæ фембæлды фыццаг размæ рацыд Цæрикъаты Амур 2:0 хыгъдимæ, фæлæ йæ хæдфæстæ
Санахъоты Ален йæ архайд фæцырддæр кодта æмæ размæ рацыд 4:2-йæ. Уый фæстæ та хыгъд ссис 4:4, фæлæ Ален фæдфæдыл рамбылдта цыппар баллы, æмæ ма фембæлды кæронмæ цы 10 секунды баззад, уый онг разæй цыди 8:4 хыгъдæй. Фембæлдмæ кæсджытæ рагацау уæлахиздзауыл банымадтой Санахъоты Алены, фæлæ цæсты фæныкъуылдмæ æвиппайды Амурæн бантыст, 4 баллы кæмæн дæттынц тæрхонгæнджытæ, ахæм æппæрст акæнын. Хыгъд ссис 8:8, æмæ ерысты фæткмæ гæсгæ уæлахиз лæвæрд æрцыд Цæрикъаты Амурæн.

Ахæм цымыдисаг фембæлдтытæй сфидауынц ерыстæ, æмæ та ацы хатт дæр спортуарзджытæн, цæуыл бацин кæной, уый гыццыл нæ уыд.

Турниры æрыгæтты ’хсæн фыццаг бынæттæ бацахстой: 45 кг – Бæгъиаты
Георги
(Алагиры район, тренер – Дзодзыккаты Владимир), 48 кг – Тот-
раты Азæмæт
(Андиаты Сосланы номыл скъола, тренер Хуыгаты Эльбрус), 51 кг – Цæрикъаты Амур (РСС, Хъоцыты Витали), 55 кг – Гергиты Тимур (РСС, Дриаты Сослан), 60 кг – Дзаттиаты Альберт (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренертæ Санаты Георги, Хъæцмæзты Ренат), 65 кг – Дзукъаты Давид (хъæбысхæсты клуб «Алантæ», Хъалæгаты Олег, Исахъты Георги), 71 кг – Хуыгаты Руслан (Андиаты Сосланы номыл скъола, Наниты Зураб æмæ Æлборты Руслан), 80 кг – Тыджыты Алан (Болгари, РСС, Хъоцыты Витали), 92 кг – Дзебысаты Давид (хъæбысхæсты клуб «Алантæ», Хъалæгаты Олег, Исахъты Георги), 110 кг – Гæлæбуты Хетæг (Андиаты Сосланы номыл скъола, Олисаты Дзамболат).

Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ хорзæхджын систы кубоктæ, майдантæ, дипломтæ æмæ æхцайы лæвæрттæй. Рахизфарсы районы богæлттæй фесгуыхджытæн йæхи номæй сæрмагонд æхцайы лæвæрттæ æрбарвыста Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау, дунейы æртæ хатты чемпион Сидахъаты Зауырбег.

Дзæгъойты мыггаджы номæй сæрмагонд лæвæрттæй хорзæхджын систы, ерыстæм æвæрæн чи бахаста, уыцы тæрхонгæнджытæ, тренертæ æмæ цалдæр богалы.

Ерысты сарæзтыл куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр зæрдиагæй бацархайдта Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан йе ’мкусджытимæ, Спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы кусджытæ, сæ сæргъы – Гуытъиаты Вячеслав, афтæмæй, Дзæгъойтæ æмæ Наниты мыггæгты минæвæрттæ. Дзæгъойты Рамазаны æфсымæр Виктор зæрдæбын арфæ ракодта турниры архайджытæ æмæ сæ саразджытæн.

Европæйы раздæры чемпион, Уæрæсейы дыууæ хатты чемпион, абон та – Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан йæхæдæг уыд Дзæгъойты  Рамазаны хъомылгæнинаг æмæ уый тыххæй зæгъы: «Куыд ис рох кæнæн дæ ахуыргæнæджы узæлд. Рамазан кæд махæй бирæ хистæр нæ уыд, уæддæр ныл уыд, ныййарæгау, узæлæг. Тренеры курдиатæй хуыцауæй хорзæхджын кæй уыд, ууыл дзурæг сты, йæ цыбыр царды йын цы бантыст хорзæй саразын, уыдон. Уæдæ Наниты Олегимæ та не ‘хсæн уыд иунæг аз, æмæ мын уый дæр цардæй афтæ раджы кæй фæхъуыди, уый абон дæр зæрдæ агайы. Стыр бузныг зæгъæм, ацы хатт дæр та турниры сарæзтыл зæрдиагæй чи бацархайдта, уыцы адæймæгтæн. Уæлдай арфæйы аккаг сты Дзæгъойты æмæ Наниты мыггæгты минæвæрттæ, тæрхонгæнджытæ, сæ сæргъы – Уæрæсейы сгуыхт тренер, педагогон наукæты кандидат Багаты Вячеслав, афтæмæй, спортивон комплексы кусджытæ, медицинон кусджытæ. Турнир хъуамæ кæдфæндыдæр пайдайы хос уа нæ рæзгæ фæлтæрæн, æмæ ууыл кусдзыстæм фидæны дæр».

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here