Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Марат ХУСНУЛЛИНЫ разамындæй уыд Фæндагон змæлды æдасдзинады фарстаты фæдыл федералон къамисы радон æмбырд. Видеоконференцийы бастдзинады фæрцы фембæлды архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.
Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой фæндагон-транспортон фыдбылызтæ къаддæр кæнынæн ахъазгæнæг мадзæлттыл, бахыгътой къамисы куысты рагагъоммæ бæрæггæнæнтæ, стæй фæбæрæг кодтой хæстæгдæр фидæны пълантæ.
Сæвзæргæ уавæр æмæ фæндагон змæлды æдасдзинадыл регионты æмвæзадыл цы куыст цæуы, уымæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Марат Хуснуллин фехъусын кодта ахæм бæрæггæнæнтæ: ивгъуыд азимæ абаргæйæ, 0,7 проценты бæрц фæкъаддæр, фæндагон-транспортон фыдбылызты рæстæг чи фæмард, уыцы адæмы нымæц. Æмæ кæд фыццаг бакастæй уыцы процент стыр нæу, уæддæр, æппæт бæстæйыл акæсгæйæ, уыцы нымæцтæ ахадгæ сты. Хицауады Сæрдары хæдивæг æппæт профилон ведомствæтæ æмæ иннæ цæстдарæг оргæнты минæвæрттæм фæсидт, цæмæй ноджы бæрнондæр куыст цæуа амынд фарстатыл, цæмæй, фæндæгтыл сæвзæргæ уавæры цы хорзæрдæм ивддзинæдтæ ис, уыдон фылдæр кæной.
Къамисы уæнгтæ се ’ргом аздæхтой Фæндагон змæлды æдасдзинад бæрзонддæр кæныны стратегийы проектыл куыстмæ. Уыцы стратегийы уагæвæрдты бындурыл цæттæгонд цæудзæн ног федералон проект «Фæндагон змæлды æдасдзинад» (ууыл бæрнон у УФ-йы Мидхъуыддæгты министрад).
Сергей Меняйло йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фæндагон змæлды æдасдзинады фарстатæм регионы уæлдай лæмбынæг цæстдард ис. «Фæндагон-транспортон фыдбылызты аххосæгтæ куы раиртæстам, уæд æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ: цаутæн сæ 80 проценты сæйрагдæр азым хауы хæдтулгæты шофыртæм, уымæн æмæ гуымиры хуызы фехалынц фæндагон змæлды æдасдзинады домæнтæ, фыццаджы-фыццагдæр та – тагъдады фæтк. Ацы æмæ иннæ æууæлтæ хынцгæйæ, арæзт цæуынц фæндагон-транспортон фыдбылызты профилактикæйы уæлæмхасæн мадзæлттæ. Уыдоныл куыст цæуы комплексон уагæй, цæмæй уыцы-иу рæстæг лыггонд цæуой, бæлццон адæмы æдасдзинадыл комкоммæ чи ахады, уыцы фарстатæ: фæндæгтæ æмæ сæ алыварс инфраструктурæйы цалцæг æмæ нывылад, видеоцæстдарды системæтæ æмæ афтæ дарддæр», – загъта Сергей Меняйло.
Æмбырды кæронбæттæны Марат Хуснуллин регионты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй фæндагон змæлды æдасдзинады фарстатыл комкоммæ къухдариуæг сæхæдæг кæной.
СЛАНТЫ Аслан














