Æвзыгъд хæстон «Ирон»

0
366

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты нæм цы лæгсырдтæ æрбабырстой, уыдонæн сæ байзæддæгтæ сæ фыдæлты маст нæ рох кæнынц æмæ Украинæимæ иумæ Уæрæсемæ сæ ных сарæзтой. Райгуырæн бæстæ зынаргъ у. Адæймаг дуры сæрыл куы райгуыра, уæддæр ын уыцы дур адджын у, мады ад ын кæны. Æмæ, мадæн куыд аргъ кæнынц, ахæм æвæджиау кад ын кæны Украинæйы хæсты архайæг Быценты Раманы фырт Ролан дæр.

Райгуырд 1958 азы Хуссар Ирыстоны Вирдийы хъæуы. Ролан астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд бинонтæ сæ цæрæн бынат раивтой æмæ æрцардысты Цæгат Ирыстоны Елхоты хъæуы. Йæ фæллойадон фæндаг Ролан райдыдта 1975 азы. Дзæуджыхъæуы 7-æм техникон училищæ каст куы фæци, уæд куыста Елхоты консервгæнæн заводы хуымæтæг кусæгæй. 1978-1984 азты уыдис Хæххон хъæууонхæдзарадон институты зооинженерон факультеты студент. Фæсидтысты йæм Советон Цæдисы Гæрзифтонг тыхты рæнхъытæм. Уырдыгæй куы ссыд Ирыстонмæ, уæд куыста Кировы районы колхоз «Кавказ»-ы 3-æм æхсыры товарон фермæйы зооинженерæй, стæй сæргълæууæгæй æмæ йын бантыст ацы фæстæзад фермæ размæ ракæнын. Уымæй уæлдай ма сарæзта æнгом фæскомцæдисон фæсивæдон коллектив. Йæ разамындæй фермæйы арæзт æрцыдысты хъæугæ бынæттæ, фосдарджыты фæлладуадзæнтæ. 1987 азы æвзæрст æрцыд Кировы районы тæрхондоны адæмон æмтæрхонгæнæгæй. Йæ къухы стыр куыстадон бæрæггæнæнтæ кæй бафтыд, уый тыххæй Быценты Ролан хорзæхджын æрцыд бирæ Кады гæххæттытæй. 1988 азы æвзæрст æрцыд партийы Кировы райкомы комитеты бюройы уæнгæй. Уыцы аз, Ролан разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы коллектив райста диплом 19-æм Æппæтцæдисон партконференцийы кадæн. Уымæй уæлдай, Быцены-фырт уыдис колхозонты цыппæрæм Æппæтцæдисон съезды делегат. Колхоз «Кавказ»-ы фæллойадон коллективы æмбырды Роланы снысан кодтой Советы Цæдисы адæмон депутаттæм кандидатæй. Уыцы рæстæг Ролан йæ амонд ссардта Тедеты хурæнгæс чызг Аидæимæ. Стыр Хуыцау æмæ Мады-Майрæм сын балæвар кодтой æрмæстдæр иу хъæбул – Иналы, фæлæ, хъыгагæн, уый хæрз æрыгонæй ацыд йæ рухс дунейæ. Рухсаг уæд. Дзæнæтæй йын хай уæд!

Роланыл цæуы 65 азы, у пенсиисæг. Йæ хъустыл куы ‘рцыд, нæ Иры сагсур, гуыппырсар лæппутæ Фыдыбæстæйы сæраппонд Украинæйы знаджы ныхмæ тохы бацыдысты, уæд йæхицæн бынат нал ардта, тынг æй бафæндыд, цæмæй сæ фарсмæ балæууа. Æмæ йын кæд æфсæддон комиссарад бар нæ лæвæрдта, уæддæр барвæндонæй араст хæсты цæхæрмæ. Йæ бинойнаг Аидæ дæр разы уыд йæ мойы фæндоныл. Хорз æмбары, Уæрæсе тæссаг уавæры кæй ис, Ныгуылæн паддзахæдтæн сæ фылдæр хай, сæ сæргъы – Америкæ, афтæмæй нæ ныхмæ кæй æрлæууыдысты. Уыдоны фæнды, цæмæй нæ цагъайрæгтæ скæной æмæ æлдариуæг кæной. Ам Хетæгкаты Къостайы ныхæстæ æнæрымысгæ нæй:

«Мæ хæлар, мæ уарзон!

Ныммæл мын фæсмонæй,

Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..»

Быцены-фырт хæсты куы балæууыд, уæд ыл фæсивæд тынг бацин кодтой, уымæн æмæ у, зондамонæг кæй хонынц, ахæм куырыхон лæг. Ролан йæ бæстæйы патриот кæй у, йæ удæй йæ фылдæр кæй уарзы, уый тыххæй йын йе ’мбæлттæ радтой ном «Ирон». Æмæ æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ куы бафæрсынц, дæ ном цы нысан кæны, зæгъгæ, уæд сын Ролан сæрыстырæй радты дзуапп: «Осетин».

Быцены-фырт кæстæртыл æнувыд æмæ иузæрдион у. Фæсивæд нырма сæ фæллад фæуадзынц, уый та фæгæпп кæны æмæ аходæн цæттæ кæнын райдайы. Афтæ – алы райсом дæр. Стæй та йæ къухтæм райсы хæцæнгарз æмæ иннæтимæ æрлæууы знаджы ныхмæ.

Ацы уацхъуыд куы цæттæ кодтон, уæд телефонæй бадзырдтон, Украинæйы хæсты нæ фæсивæды арæх чи бæрæг кæны, уымæ – Уататы Зелиммæ, цæмæй мын Быценты Роланы тыххæй радзура. Уый дыууæ нæ загъта мæ фæндоныл.

– Роланимæ мах кæрæдзийы рагæй зонæм, иу-цыппар азмæ æввахс. Æмæ дзы мæ сæр бæрзæндты хæссын, ахæм æрдхорд мын кæй ис. Уый у, ирон лæджы ном кад æмæ радимæ, тырысайау, бæрзонд чи хæссы, ахæм æцæг ирон лæг. Ирыстоныл афтæ æнувыд æмæ иузæрдион у, æмæ цæттæ у йæ сæраппонд йæ уд нывондæн æрхæссынмæ. Уымæн æвдисæн у, ахæм кары йæхицæн хæсыл кæй банымадта нæ фæсивæды уæлхъус балæууын. Иу ныхасæй, Ролан диссæгты дзуринаг хистæр у. Уый кæстæртыл ауды, æрхъæцмæ дæр сыл нæ хъæцы, фыд йæ хъæбултыл куыд ауда, афтæ. Ис дзы, куыд Хуссар, афтæ Цæгат Ирæй дæр бирæ лæппутæ: Хъаныхъуаты Валодя, Хæбæлаты Дмитри, Диамбегты Станислав æмæ иннæтæ. Уыдон афтæ фæзæгъынц: «Ролан махæн у зондамонæг. Уый нын фылдæр уарзын кæны нæ райгуырæн бæстæ, ныфсыл нын ныфс æфтауы, нæ хъаруйыл – хъару».

Æрæджы телефонæй дзырдтон Роланимæ, æмæ йæм радтон фарст: «Ацы æвирхъау хæстæн, дæумæ гæсгæ, кæрон кæд уыдзæн?»

Быцены-фырт загъта: «Ныгуылæн бæстæ бамбæрстой, Уæрæсе тыхджын, æнæбасæттон бæстæ кæй у, æмæ сæ ныфс асаст, раздæр куыд удуæлдайæ хæцыдысты, афтæ нал хæцынц. Фæнды сæ, цæмæй, хæцæнгарзæй нæ, фæлæ дипломатон æвзагæй сабырдзинад ныффидар кæной».

Гъемæ, йæ ныхæсты фарн уæд, тагъд рæстæджы, Ног азы бæрæгбонимæ сабырдзинад дæр куыд сбæрæг кæнæм, ахæм арфæ нын Стыр Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ æмæ Уæларвон тыхтæ ракæнæнт!

Хæмыцаты Раман,
Рахизфарсы районы Ныхасы ирон æгъдæутты комитеты сæргълæууæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here