Зоны æмæ уарзы йæ куыст

0
270

Илаты Руслан кусы, нæ республикæйы лæмæгъ чи хъусы æмæ æвзæр чи уыны, уыцы сабиты комплексон реабилитацион-ахуырадон центры. Йæхæдæг дæр у центры раздæры хъомылгæнинæгтæй. Ныртæккæ йæ зонындзинæдтæй хай кæны сывæллæттæн, амоны сын, куыд хуыздæр ис раргом кæнæн сæ курдиæттæ, сæ гæнæнтæ, цæмæй ныфсджындæрæй кæсой сæ сомбонмæ, сæ ныфс ма сæтта.

Центры ис цалдæр хайады – аивадон-эстетикон, физкультурон-спортивон æмæ туристонбæстæзонæн. Ацы хайадæн дæтты разамынд Илаты Руслан. Йæ куысты æнтыстдзинæдтыл дзурæг у уый дæр, æмæ арæх центрмæ æрбадзурынц туристтæ, фæкурынц, цæмæй сын Руслан сараза экскурситæ нæ зæрдылдарæн бынæттæм.

Цы къордимæ архайы Руслан, уыцы сывæллæттæн ныридæгæн сæ бон у сæ хъуыдытæ зæгъын æнæ къухты æнгуылдзтæй амонгæйæ, чи сæм хъусы æмæ кæсы, уыдон сæ хуыздæр æмбарынц. Уый æнцонтæй къухы нæ бафтыд, фæлæ Руслан иудадзыгдæр архайы йæ куысты мидæг ногдæр, ахадгæдæр мадзæлттæй пайда кæныныл.

Ноджы ма йын тынг æххуыс у, нæ республикæйы æрдзы, географийы æууæлтæ, зæрдылдарæн бынæттæ иттæг хорз кæй зоны, уый дæр.

Руслан ма у Цæгат Ирыстоны фæсивæды туризм æмæ экскурситы центры кусæг дæр, балцыты кæй ахоны, уыцы адæм дзы баззайынц разыйæ, арфæтæ йын фæкæнынц.

Кцойты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here