Нæ сабыр цард хъахъхъæнджытæн – æппæтвæрсыг æххуыс

0
165

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Депутаттæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст закъонты проекттæ.  Закъонæвæрынадон хъæппæристæн се ‘хсæн уæлдай ахсджиагдæртæ кæй уыд, уымæ гæсгæ Парламенты советы æмбырды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, сæ сæргъы – Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, афтæмæй.

Депутаттæ дыккаг хатт æркастысты «2025 азмæ æмæ 2026-2027 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон
бюджеты тыххæй» закъоны проектмæ. Уый фæдыл ныхас кодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Куыд загъта, афтæмæй, республикон бюджетмæ уæлæмхасæн æфтиæгтæ кæй æрбацыд, уымæ гæсгæ ивынц йæ сæйраг бæрæггæнæнтæ. Уымæй уæл-
дай, ивддзинæдтæ хаст цæуынц 2026 æмæ 2027 азты республикон бюджеттæм дæр. Депутаты ныхасмæ гæсгæ, бюджетмæ æркастысты Парламенты æппæт комитеттæ дæр æмæ йæм фиппаинæгтæ бахастой. Бюджет сфидар кæныны фарста хаст æрцыд Парламенты хæстæгдæр æмбырды боны фæткмæ.

Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитет ма æркæсынмæ цы къорд закъонты проекттæ рахаста, уыдоны ныхас цыд хъалонфидджыты хицæн къордтæн сæ хъалонты уаргъ фæрогдæр кæныныл, республикæйы алы бюджеты ‘хсæн ахастдзинæдтæ фæнывылдæр кæнын æмæ æндæр фарстатыл. Закъонты проекттæ æркæсынмæ сæм рахаста амынд комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийыл сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн социалон æххуысы мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый фæдыл раныхас кодта республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ. Уæвгæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæныны хъуыддаджы архайынц республикæйы хицаудзинад æххæстгæнæг æппæт оргæнтæ, хиуынаффæйады бынæттон администрацитæ, депутаттæ. Æмæ дарддæр дæр уыдзæн афтæ.

Министр куыд загъта, афтæмæй уыцы æххуысы мадзæлттæ æххæст æмæ фылдæргонд цæуынц республикæйы Сæргълæууæджы указтæ æмæ уынаффæтæй, нæ Парламенты закъонæвæрынадон хъæппæристæй. Æппæт уыцы мадзæлттæ – алыхуызон бафыстытæн хъæугæ гæххæттытæ цæттæ кæнын, медицинон æгъдауæй æххуысы, реабилитаци æмæ социализацийы мадзæлттæ, лæвар юридикон æххуыс, лæвар газификаци, сывæллæттæн рæвдауæндоны лæвар бынат, лæвар сæрдыгон фæлладуагъд, транспорты хъалонæй суæгъд кæнын æмæ бирæ æндæртæ нымайгæйæ, министр бафиппайдта, 100-йæ фылдæр ахæм бинонтæн ныридæгæн арæзт кæй æрцыд социалон паспорттæ; 3854 бинонтæн алкæмæн дæр ис, сæ тыхстаг æппæт фарстатæ алыг кæнынæн сын æххуыс чи кæны, ахæм социалон кусæг. «Помогаем своим», зæгъгæ, ацы цæугæ бригад бæххуыс кодта 1887 бинонтæн. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæстæ инвалид чи ссис, нæ республикæйы ныртæккæ ис 109 ахæм æфсæддоны. Æмæ уыдонæн куыст ссарыны, сæ цæрыны уавæртæ хуыздæрæрдæм раивыны, дзæбæхгæнæн мадзæлттæ сын аразынмæ здæхт цæуы сæрмагонд æргом.

Доклады фæстæ фиппаинæгтæ æмæ фарстытæ уыд депутаттæ Джиоты Георги  æмæ Черчесты Асланмæ.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æппæтвæрсыг æххуыс кæны «Защитники Отечества», зæгъгæ,  паддзахадон
фонды цæгатирыстойнаг хайад. Арæзт æрцыд афæдз æмæ æмбисы размæ. Регионалон фонд куыд кусы, нæ хъæбатыртæ æмæ сæ бинонтæн цавæр æххуыстæ кæны, уый тыххæй радзырдта йæ разамонæг Хетæгкаты Маринæ.

Фарстайыл раныхасгæнæг ма уыд Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтимæ æнгомдæр кусынæн æмæ сын æххуысы мадзæлттæ ноджы фæахадгæдæр кæнынæн хъæуы сæрмагонд программæ саразын.

Уымæй уæлдай, республикон закъонты проектты фæдыл æмбырды ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Остъаты Георги, Кочораты Олег, Еленæ Князева, Киситы Мурат.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here