Афæдзы хатдзæгтæ, фидæны нысантæ

0
225

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты æртын фæндзæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Æмбырды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, барадхъахъхъæнæг æмæ тæрхонадон оргæнты минæвæрттæ, РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ. Парламентæн уый уыд ацы азы фæстаг æмбырд, уымæ гæсгæ депутаттæ æркастысты, ног азмæ аргъæвæн кæмæн нæй, ахæм æмæ æндæр ахсджиаг республикон закъонты проекттæм æмæ сфидар кодтой 2025 азæн Парламенты закъонæвæрынадон архайды пълан.

Дыккаг бакасты депутаттæ цы закъонтæ сфидар кодтой, уыдон баст уыдысты хъалонфидджыты хицæн къордтæн сæ хъалонты уаргъ фæрогдæр кæнынимæ, ныр пенсийы чи ис, афтæмæй фæсарæйнаг агентыл нымад чи æрцыд кæнæ, Уæрæсе
ныууадзгæйæ, цæрынæн æндæр бæстæ чи равзæрста, раздæр та йæ куысты уæлдæр бынат чи ахста, ахæм адæймæгты уæлæмхасæн социалон æххуыстæй фæцух кæнынимæ æмæ æндæр фарстатимæ. Фарстаты фæдыл раныхасгæнджытæ уыдысты Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан æмæ бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр.

Фыццаг бакасты депутаттæ æркастысты «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийыл хъарм, дон æмæ донуадзыны къабæзтæн льготæйы тарифты тыххæй» республикон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проектмæ. Уый фæдыл ныхас кодта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Документæн йæ мидис у коммуналон куыстуæттæн сæ архайдæн баххуыс кæнын æмæ сын сæ куыст фæахадгæдæр кæнын. «Уыцы æххуыс сын уыд фæстаг дыууæ азы дæр, ныр та йе ‘мгъуыд кæны дарддæр – 2027 азы 1 июлмæ», – загъта министр æмæ депутаттæй курæг уыд, цæмæй закъон сфидар кæной фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Остъаты Георги. Закъоны проект депутатты ‘хсæн расайдта быцæу ныхас. Сæ фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ дзырдтой Фадзайты Арсен, Дыдарты Сослан, Тедеты Дзамболат, Цæгæраты Руслан, Мытцыты Аслан. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй, тарифтыл ныхас кæнгæйæ, фыццаджыдæр, кæсын хъæуы, куыд фæбæрæг уыдзæн сæ рæзт коммуналон лæггæдтæй пайдагæнæг куыстуæтты финансон уавæрыл. Афтæмæй, закъон фидаргонд æрцыд фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты.

«2025 азы æмæ 2026-2027 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» республикон закъоны проектыл ныхас кодта Парламенты бюджеты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы экономикæйы æппæт къабæзтæн дæр фæстаг азты цы федералон æххуыс цæуы, уый азæй-азмæ кæны фылдæр, арæзт æрцыд бирæ, фæлæ ма ноджы фылдæр баззад, бакусын цы хъуыддæгтыл хъæуы, ахæмтæ, сæйрагдæр та, бюджеты æфтиæгтæ фылдæр цæмæй кæной, ууыл бацархайын.

Закъоны проекты фæдыл æмдоклад скодта финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксанæ Карова. Куыд загъта, афтæмæй федералон бюджетæй уæлæмхасæн фæрæзтæ кæй æрбацыд, уымæ гæсгæ ивынц ацы азы бюджеты бæрæггæнæнтæ, афтæ – хæстæгдæр дыууæ азы бюджетты бæрæггæнæнтæ дæр. Хæрдзтыл ныхас кæнгæйæ, бафиппайдта, ахуырады къабазыл хардзгонд кæй æрцæудзæн æфтиæгты 31 проценты, социалон фарстатыл – 25,6 проценты, национ экономикæйыл (уыимæ, фæндæгтыл дæр) – 17 проценты, æнæниз-
дзинад хъахъхъæнынадыл – 8,3 проценты, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадыл – 4,9 проценты æмæ афтæ дарддæр. Закъоны проектмæ депутаттæ æркастысты фыццаг бакасты, фæлæ афæдзы кæрон кæй у, уый нымайгæйæ, закъон фидаргонд æрцыд фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты.

Депутаттæ ма фыццаг бакасты æркастысты, республикæйы Хицауад кæй бацæттæ кодта, къорд ахæм закъонты проекттæм. Документтæ фæтк æвæрынц сидзæрæй кæнæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæттæн социалон æххуысы уæлæмхасæн мадзæлттæн, республикæйы зæххыты ахастыты хицæндзинæдтæн, республикæйы паддзахадон хицаудзинады оргæнтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрациты оргæнты ‘хсæн ахастытæ рацаразын æмæ æндæр фарстатæн. Закъонты проектты фæдыл ныхас кодтой арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат, ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастыты министр Тедеты Руслан, фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Маматы Анджелæ. Æмдокладгæнджытæ сын уыдысты Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Остъаты Георги, Реуазты Ларисæ, Еленæ Князева, Кочораты Олег. 

Депутаттæ ма сфидар кодтой, Парламенты раздæры æмбырдты каст цы фарстатæм æрцыд, уыдоны фæдыл уынаффæты проекттæ.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here