Цалдæр боны ма рацæудзæн, æмæ та нæ къæсæрыл æрлæудзæн Ног аз. Алы адæймаг дæр йæ зæрдæ дары, фидæн аз амондджындæр, фæрныгдæр кæй уыдзæн, ууыл. Ахæм зæрдæйы уагимæ Ирыстоны цæрджытæ дæр æнхъæлмæ кæсынц бæрæгбоны ралæудмæ…
Уыцы æууæл хынцгæйæ, Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты администраци дæр архайы бæрæгбоны фæлгонцад саразыныл, æхсæнадон фæлладуадзæн бынæттæ цæхæркалгæ конструкцитæй саив кæныныл, сæйрагдæр æмæ дзыллондæр æхсæнадон бынæтты наз бæлæстæ сæвæрыныл. Уымæй уæлдай, горæты кусын райдыдтой традицион ногазон армукъатæ дæр.
Уый тыххæй фехъусын кодта горæты администрацийы пресс-службæ.
Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, ацы хатт горæты фæзтæ æмæ иннæ фæлладуадзæн тæлмыты сæвæрдзысты 20 наз бæласæй (иутæ – хъæдæй ласт, иннæтæ та – пластмассæ æмæ цырæгъты конструкцитæй арæзт) фылдæр. Уыдон рафидауын кодтой Ленины, Уæлахизы, Адæмты иудзинады, Штыбы æмæ иннæ фæзтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæйраг наз бæлас æрбынæттон уыдзæн йæ иудадзыгон бынаты – Сæрибары фæзы. Горæты сæйраг фæзыл ныр уыдзæн Митын Дадайы хæдзар дæр. Уым кусдзысты æрмдæсныты æрмадзтæ æмæ æндæр хиирхæфсæнтæ дæр…
Ногазон армукъатæ та ныридæгæн рапарахат кодтой сæ куыст. Ахæм базарадон
фæзуæттæ байгом сты горæты æппæт районты дæр, сæ куыст аххæсдзæн 31 декабры онг, æрвылбон та гом сты 10 сахатæй 20 сахаты онг. Балхæнæн дзы ис наз бæлæстæ,
ауындзгæ хъазæнтæ, сувениртæ æмæ æндæр лæвæрттæ… «Россельхознадзор»-ы регионалон управленийы «Рæстдзинад»-æн куыд радзырдтой, афтæмæй цалдæр уæрæсейаг регионæй республикæмæ сластой 5,6 мин наз бæласæй фылдæр. Цæрджыты удæнцойæн горæты администраци амалхъомтæн уæлæмхасæн радих кодта 20 фæзуаты наз бæлæстæ æмæ бæрæгбоны фæлгонцады фæрæзтæ уæй кæнынæн», – загъд ис горæты амалхъомады управленийы хъусынгæнинаджы.
Армукъатæн бынатæн равзæрстой ахæм фæзуæттæ: Владикавказаг уынг (Фонтанты фæзмæ ‘ввахс); Мæскуыйаг уынг æмæ Къостайы проспекты тигъ (дукани «Кит»-мæ ‘ввахс); Калинины æмæ Хъесайы-фырты уынгты тигъыл (дукани «Фишка»-мæ ‘ввахс); Октябры 50 азы уынг (галуан «Электрон»-мæ ‘ввахс); Барбашовы уынг ( «Олимпаг» паркмæ ‘ввахс); Тамайы-фырты æмæ Куйбышевы уынгты тигъыл (Центрон базары фарсмæ скверы) æмæ Коцойы-фырты уынг (инæлар Плиты Иссæйы цыртдзæвæнмæ ‘ввахс).
Ногазон фæлгонцад æмæ базартæй уæлдай, горæты администрацийы бацæттæ кодтой бæрæгбоны мадзæлтты программæ дæр. Зæгъæм, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ цыбыркъух бинонты сывæллæттæн сараздзысты хæрзаудæн акци «Горæты мэры наз бæлас». Сывæллæтты фæхондзысты горæты театртæм. Уым сын равдис-дзысты спектаклтæ, Митын Дада æмæ Митæйы арфæтимæ райсдзысты горæты сæргълæууæджы лæвæрттæ. Дзæуджыхъæуы уынгты зилдух кæндзæн «Ногазон трамвай». Сæрибары фæз æмæ иннæ дзыллон бынæтты арæзт цæудзысты æндæр хиирхæфсæн мадзæлттæ дæр.
КАЛМАНТЫ Аслан














