«Цæгат Ирыстон ахадгæ мадзæлттæ аразы, цæмæй афойнадыл æххæстгонд цæуой, регионы экономикон хъомыс кæй фæрцы рæзы æмæ дарддæр дæр рæздзæн, уыцы ахсджиаг инвестицион проекттæ». Ахæм хъуыды РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис фæхæццæ кодта Уæрæсейы Экономикон рæзты министрады разамындмæ.
Видеоконференцийы бастдзинады фæрцы цы фембæлд сарæзтæуыд, уым Дзанайы-фыртæй уæлдай, архайдтой УФ-йы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров, амынд федералон министрад æмæ цæгатирыстойнаг профилон ведомствæты минæвæрттæ.
Зындгонд куыд у, афтæмæй 2030 азы онг Цæгат Ирыстоны райрæзты программæйы бындур систы вазыгджын инвестицион проекттæ агропромышленнон комплексы, логистикæ æмæ туризмы къабæзты (æдæппæт сты 11 проекты).
– Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй амынд проекттæ царды рауадзыныл хардзгонд æрцæудзæн 62,5 миллиард сомы бæрц (уыдонæй 52 миллиарды – æнæ-
бюджетон гуырæнтæй). Ацы проектты фæрцы республикæйы фидæны фæзындзæн 6 мин ног кусæн бынаты бæрц. Ныртæккæ та уал проекттыл къæпхæнгай куыст цæуы. 2024 азы æртыккаг кварталы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыцы проектты инвестицитæ схæццæ сты 34 миллиард соммæ. Афтæмæй уал ныридæгæн фæзынд 982 ног кусæн бынаты. Уыимæ, нысангонд куыстыты графиктæ æххæст кæнынмæ ис бæстон цæстдард, – радзырдта Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар.
Дзанайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, амынд проектты бындурыл цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдонæй цалдæр ныридæгæн цæттæ сты. Уыдоны нымæцы: дыргъдæтты хæдзарад «Казачий хутор», Дзæуджыхъæуы аэропорты мидбæстон балцыты ног терминал, хъæрмуæтты комплекс «Алани».
Агротуристон парк «Мастер-Прайм. Березка»-йы арæзт æрцыдысты æмæ туристты суазæг кæнынц фыццаг 4 хæдзары. Кæсагдарынады ног проект царды рауадзыныл дæр бæстон архайд цæуы – инвестор уал сарæзта, кæсаг кæм дардзысты, ахæм 30 бассейны. Фидæн азы ма сыл бафтдзæн ноджыдæр 30 бассейны.
Ахæм фæткы бындурыл архайд цæуы фæлладуадзæн-туристон комплекстæ «Алания Парк» æмæ «Къæхтысæр»-ы, логистикон комплекс «Южные ворота»-йы, хæххон-рекреацион курорт «Мамысон» æмæ иннæ объекттыл.
Ныхасæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Назаров æмæ Дзанайты Барис ма иу хатт фæбæлвырд кодтой нысангонд арæзтадон куыстыты фæтк, амынддзинæдтæ радтой профилон ведомствæтæ æмæ подрядон организациты минæвæрттæн.
СЛАНТЫ Аслан










