Зынаргъ лæвар –  Ног азы къæсæрыл

0
161

Дунейы сконд афтæ арæзт у, æмæ дзы цыдæртæ рæстæгмæйы хабæрттæ вæййынц, цыдæртæ та – æнусон. Афтæ æнусон сты алы адæмыхаттæн дæр йæ мадæлон æвзаг æмæ йæ царды æгъдæуттæ.

Ирон адæм иннæ адæмты ‘хсæн кæддæриддæр бæрæг дардтой сæ рæсугъд æвзаг, сæ дисы æфтауæг æгъдæуттæ – уæздандзинад, æфсарм æмæ уазæгуарзондзинадæй. Уыдон нын баззадысты нæ куырыхон рагфыдæлтæй, æмæ сæ хъуамæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ æнæ ивгæйæ дæттæм нæ байзæддæгтæм. Уырыссаг анекдот афтæ зæгъы: «Адæймаджы хорз миниуджытæй иу у, рох кæнын кæй зоны, уый». Фæлæ ацы æмбисонд ирон цардыуагмæ ницы бар дары. Махæн нæ мадæлон æвзаг æмæ нæ табуйаг æгъдæуттæ хъуамæ кæддæриддæр æнæфæцудгæ уой. Уыдон хъуамæ царды змæст уылæнты дæр сæ хуыз ма ивой. Ног азы къæсæрыл Цгъойты Хазби цы чиныг рауагъта – «Ирон царды æгъдæуттæ», уымæй стыр лæвар ракодта, йæхи ирон чи хоны æмæ йæ ирондзинадæй сæрбæрзонд чи у, уыдонæн. Чиныг суанг йе ’ддаг бакастæй дæр йæхимæ ‘лвасы адæймаджы цæстæнгас. Йæ фыццаг сыф рафæлдахгæйæ, кæсæджы йæ уацары баппары æмæ йæ йæ фæстаг сыфы онг не суæгъд кæны. Афтæ æз дæр аныгъуылдтæн мæ сабибонты арфы. Мæ
цæстыты раз ирдæй алæууыдысты мæ зæд-æнгæс, æгъдауылхæст хистæртæ. Рæнхъытæ кæсгæйæ, æрымысыдтæн мæ зынаргъ фыды ныхæстæ. Чиныг у æнцон – кæсынмæ, æнцон – æмбарынмæ, æнцон – зæрдыл бадарынмæ. Ис дзы цалдæр сæргонды:

– Ирон фынджы æгъдæуттæ;
– Адæймаджы æнусон фæд;
– Æнæмæлгæ дуне нæй;
– Афæдзы дæргъы мæрдты иумæйаг мысæн бонтæ;
– Ирон бæрæгбæттæ;
– Фæрсын хорз у – чи фæрсы, уый зоны.
Ирыстоны бирæ кæмттæ ис, фæлæ, бæрæгбоны æртæ чъирийы кувгæйæ, се ‘ппæтæн дæр иумæйаг сты:
– Дунерафæлдисæг Стыр Хуыцау;
– Лæгты Дзуар;
– Тымбыл хъæды Дзуар;
– Мады Майрæм;
– Бынаты Бардуаг;
– Хоры Уацилла æмæ Фосы Фæлвæра;
– Мыкалгабыртæ – бæркæдтæ, амæндтæ тауæг.

Адонæй уæлдай, алы комæн дæр ис йæхи зæдтæ æмæ дауджытæ, кæмтты цæрæг адæм зæрдиагæй кæмæ фæкувынц. Хазби зæрдиагæй бакуыста æмæ чиныгкæсæджы размæ рахаста ацы зæдтæ æмæ дауджытæн сæ равзæрд, сæ нысаниуæг æмæ сæм растдæр куыд кувын хъæуы.

Не ’гъдæуттæ царды йæхи цæстæй чи нæ федта (астæуккаг æмæ кæстæр фæлтæрæй зæгъын), уыдонæй бирæтæм фæрстытæ сæвзæры: куыд растдæр у иу кæнæ иннæ хъуыддаг, цæмæй рæдыд ма ’рцæуа. Уыдонæн æххуыс у Хазбийы чиныджы хай «Фæрсын хорз у – чи фæрсы, уый зоны», æмæ йæм цы бирæ алыхуызон фарстытæ раттой, уыдонæн бындуронæй æмæ зæрдиагæй дзуаппытæ ратта.

Йæ фыдæлты табуйаг æгъдæуттæ зынаргъ æмæ адджын кæмæн сты, йæхи æцæг ирон чи хоны æмæ йæ ирондзинадæй сæрбæрзонд чи у, уыдон хъуамæ ацы чиныг се стъолыл зынгæ ран дарой.

Ног азы къæсæрыл мыхуыргонд чиныджы цыдæриддæр рæсугъд арфæтæ ис, уыдон уе ’ппæтыл дæр æрцæуæнт!

Цгъойты Хазби æмæ, чиныг рауадзыныл чи бакуыста, уыдоныл дæр Стыр Хуыцауы зæрдиаг арфæтæ сæмбæлæнт! Сæ къухты ма бирæ æнтыстытæ бафтæд!

 

ЦÆРУКЪАТЫ Азæ,
æхсæнадон уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here