Зæххы къорийыл цæрæг æппæт адæмты хуызæн ирон адæммæ дæр Ног аз нымад у кадджындæр æмæ рæсугъддæр бæрæгбæттæй иуыл. Ныртæккæ суанг хъæуты цæрджытæй дæр бирæтæ фос нал дарынц, фæлæ раздæр азты афтæ уыд, æмæ-иу хæдзæртты хицæуттæ, фыццаджыдæр, батыхстысты сæ фосыл, цæмæй уыдон иннæ æхсæвтæй хъауджыдæр Ногбоны æхсæв уой уæлдай æфсæст, хæрззылд, æмæ-иу уый тыххæй бацархайдтой кæвдæсты фылдæр æмæ хуыздæр холлæгтæ нывæрыныл Ног азы æхсæвæрæн.
Куы-иу æрæхсæв, уæд бинонтæ Ног азы ралæудмæ ‘ввахс æртæ æртæдзыхоны, æртæ чъирийы æмæ нозт хастой, сæ фос кæм уыдысты, уыцы скъæтмæ, æмæ-иу скуывтой Стыр Хуыцаумæ, Ног азы зæдтæ æмæ дауджытæм, уæлдайдæр Сыгъдæг Фæлвæрамæ, Ног азы сæ фосыл куыд ницы зиантæ æрцæуа, сæ нымæц фылдæр куыд кæна, æмæ сæ куывдтæ куыд кæной, уыдæтты тыххæй.
Ай-гъай, бинонтæ сæхи дæр хъуаг ницæмæй ныууадзынц. Хæдзары æфсин батыхсы, цæмæй Ног азы фынг уа бæркадджындæр, дзаджджындæр æмæ сойджындæр. Фылдæр хатт дзы маргъы æхсыр нæ разыны, æндæр адæймаг цæмæ æрæвнала, уый нал фæзоны, æртхуронæй та хай вæййы бинонтæй алкæмæндæр. Фæлæ уавæр афтæ у, æмæ, кæд фосыл æфсæстæй ницы æрцæуы, уæд адæймагæн та фырхæрд у фыдрын.
Уымæ гæсгæ диетологтæ фæдзæхсынц, цæмæй Ног азы фынгыл æрбадт алы адæймаг дæр райдайа халсартæ æмæ дыргъты салаттæй. Ахсæнмæ иннæ хæринæгтæй раздæр бахаугæйæ, уыдонæй уый тагъддæр равдæлон вæййы. Дзидза æмæ кæсаджы фæстæ цы æндæр хæринæгтæй фæхъæстæ уай, уыдон та дæргъвæтин
рæстæг уым «нынныхсынц», æнхъизын райдайынц, æмæ адæймаг йæхи уæззау æнкъарын райдайы. Уæдæ ахæм хæрзад хæринæгтыл, куыд арыд фыдызгъæл, шпроттæ æмæ æндæртыл хи «ныццæвын» не ‘мбæлы, стæй цывзыджын хæринæгтæй фæхъæстæ уæвыныл дæр архайын нæ хъæуы. Уымæн æмæ æвзагæн хорз вæййы фондз минуты, фæстæдæр изгард тыхсын кæнын райдайы, зæрдæ хæццæ фæкæны, цалдæр боны та гуыбын фæриссы.
Цæмæй кæмæндæрты бæрæгбон ма фенад кæнат, æмæ уæм худинаг ма ‘ркæса зонгæтæ æмæ хиуæтты раз, дæ сæр тъæппытæ ма хауа, уый тыххæй наркологтæ амонынц:
— дæ тыхтæн раст аргъ скæн. Уымæн æмæ æнæниз организмы æрмæстдæр уырыссаг арахъхъы 100 граммæн кæнæ сæны 250 граммæн сахатмæ сæ бон бавæййы æнæзианхæссæг буаргъæдты онг фæдихтæ кæнын;
— спъиртхæццæ карз нозтытæ нуазын хъæуы чысылгай, алыхуызон карз нозтытæ æмхæццæ кæнын нæ хъæуы. Кæд уæ бафæндыд, фынгыл цы æвæрд ис, уыдон иууылдæр бафæлварын, уæд райдайут фæлмæндæр карз нуазинæгтæй;
— дызæрдыггаг карз нозтыл уæхи атигъ кæнут, цæмæй уый фæстæ рынчындонмæ ма бахауат;
— фылдæр архайут кафыныл. Уымæн æмæ уый хорз æххуыс кæны карз нозт организмы фæдихтæ кæнынæн;
— кæд уæхи æвзæр банкъардтат, уæд бацархайут суомыныл, цæмæй ахсæн асыгъдæг уа. Куы нæ феххуыс уа, уæд та фæдзурут Тагъд æххуысмæ.
— кæд иннæ бон райсомæй сымах тыхсын кæна, Ногбоны æхсæв цы карз нозт фæнуæзтат, уый, уæд уын цæугæ æрцæудзæн абанамæ. Бацымут хъарм басы тæбæгъ кæнæ баназут, тынг цæхджын чи нæ уа, ахæм къабуска кæнæ джитърийы дон, хъæддых тæвд цай лимонимæ;
— кæд сæр тынг рисса, уæд баназут цалдæр таблеткæйы аспирин, фæлæ сæ карз нозтимæ ницы хуызы ис нуазæн.
Тохсырты Къоста