Хуыбиаты-Бедойты Оляйы йæ сæдæ азы сæрты акæсынмæ бирæ нал хъæуы. Бинонты амонд ацы сылгоймаджы хуызæттæй аразгæ кæй у, уый банкъардтам, йемæ фембæлгæйæ, йæ кæстæртæ йын куыд зæрдиагæй лæггад кæнынц, уый фенгæйæ. Ирон хæдзары бинонты ‘хсæн цы бынат ахсы хæдзары хистæр, уымæй разыйæ баззадыстæм. Æмæ куыд нæ, æхсæнады царды хатгай ахæм цаутыл сæмбæлæм, æмæ сæры хъуын арц сбады.
Бинонты ‘хсæн фæтк æмæ хæрз-æгъдаудзинад куы ныффидар вæййынц, уæд дзы хистæры паддзахадон кусæнуатмæ раттыны, чи йæм зилдзæн, ахæм адæймаг æххуырсыны хъуыды дæр не ‘рцæудзæн. Оляйыл рæхджы 98 азы сæххæст уыдзæн, сæрæн у йæ кармæ гæсгæ, кæдæм фыццаджы тых нал ис, уæддæр. Йæ цоты кæстæр Реваз ын авгау æрхауынæй тæрсы, цæттæ у, цы йæ бахъæуа, уый æххæст кæнынмæ. Уæвгæ та, Оля йæ сæры хицау Варданимæ схъомыл кодтой æртæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Уыдон ныр сæхæдæг нанатæ æмæ бабатæ сты, æрæджы та ма царды рухс федта бинонты цыппæрæм фæлтæры минæвар.
Дзæуджыхъæуккаг цардбæллон чызг йæ амондыл сæ кæрты сæмбæлд, машинисткæты курсытæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст куы фæцис, уыцы рæстæг,Фыдыбæстæйы Стыр хæст ма йæ тæмæны уыд, афтæмæй.
«Нæ цæстытæ-иу нын бабастой, афтæмæй хъуамæ мыхуыр кодтаиккам тексттæ, æмæ хорз арæхс-тæн», – йæ мысинæгтæ радзырдта карджын сылгоймаг. Зарæджы сюжетау, Гнугъæй фос раскъæрдтой фыййæуттæ, семæ уыд æрыгон Вардан дæр. Йæ фыды æфсымæры лæппу Дианозы бинонтæ цардысты Оляйы кæрты, уырдыгæй райдыдта сæ дыууæйы царды иумæйаг фæндаг. Æгъдаумæ гæсгæ, Вардан йе ‘рыгон бинойнагимæ фæсхохмæ цæрынмæ ацыд.
Æвæллайгæйæ куыста алы рæтты Оля, фæлæ йын сæйрагдæр уыдысты йæ бинонтæ, кæстæртæ, сæ сагъæс æмæ мæт. Уæдмæ комы цæрджытæ сæхи алырдæмты исын райдыдтой хуыздæр цардагур, æмæ Хуыбиаты бинонтæ дæр хæдзар балхæдтой сæ мады рай-гуырæн горæты, фæстæдæр ралыгъдысты æмæ 1961 азæй нырмæ кад æмæ радимæ сæ цард дарддæр хæццæ кæнынц. Вардан йе ‘цæг дунемæ ацыд, Оля та йæ фæстæ йæ кæстæрты цинæй райы, кæд ыл азты цыд йæ уæхсчытæй уæззау уаргъ нырма ныр æриста, уæддæр. Амондджын сылгоймагыл нымайы йæхи, стæмтæ фенынц сæ хъæбулты хъæбулты хъæбулты, Бедойты чызгæн та уый бантыст. Ног аз у хæрзтæ дæттæг, фидæны нысантæ кæй сæххæст уыдзысты æнæмæнгæй, уый ныфсдæттæг. Хуыбиаты чындзыты хистæр бæллы, цæмæй сабырдзинад æмæ фæрныгад æрбынатон уой нæ паддзахад æмæ æгас зæххы къорийыл, туг мауал кæла, мадæлтæ сæ хъæбулты раз зæронд кæной. Хæст – мæлæтхæссæг, сабырдзинад æмæ сæрибардзинад – царддæттæг! Уадз, Ног азы сæххæст уæд Оляйы бæллиц!
БЕКЪОЙТЫ Ларисæ