Банымадтой йæ ахсджиаг хъуыддагыл

0
179

2017 азæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны царды уадзынц «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Горæты фалдзустæ». Уæдæй абонмæ сфæлгонц кодтой æмæ бафснайдтой 600 кæрты, стæй 150 æхсæнадон фæзуаты. Уæлдай аивдæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр фесты, горæтæгтæ сæ фæллад уадзынмæ арæхдæр кæдæм фæцæуынц, уыцы бынæттæ – Доны станцæ, Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парк æмæ Жуковскийы номыл сывæллæтты парк, тематикон парк «Нæртон», Металлургты парк, Фонтанты фæз, Терчы былгæрæтты иу хай, Олимпиаг парк.

Уымæй уæлдай ма фæлгонцады куыстытæ ацыдысты Пушкины скверы, Коцойы-фырты уынджы фæлладуадзæн бынаты, скейт-парчы, æфсæнвæндаджы вагзалы раз фæзы, Калинины уынджы аллейы, кæронмæ фæхæццæ кæнынц уыцы куыстытæ Рождественскаяйы уынджы æмæ Гагарины номыл скверы.

Æппæт уыцы хабæрттæ нæ уацхæссæгæн ракодта Дзæуджыхъæуы фæлгонцад æмæ цъæхфалысты арæзтады управленийы хицауы хæдивæг Хъороты Давид. Кæй ранымадтам, уыцы куыстыты иумæйаг аргъ схæццæ 1 миллиард сомæй фылдæрмæ. Уыцы фæрæзтæ систой федералон, регионалон æмæ бынæттон бюджеттæй. Зæгъæм, æрмæст ивгъуыд азы дæргъы нæ горæты фæлгонцадæн федералон бюджетæй æрбацыдис 80 милуан сомы, муниципалон бюджетæй та – 50 милуан сомы.

«Иугонд Уæрæсе»-йы партийы уæнгтæ иудадзыг стыр æргом здахынц фæлгонцады куыстыты хъæдмæ. Нæ республикæйы Парламент æмæ Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутаттæ бабæрæг кæнынц,
куыстытæ кæм цæуынц, уыцы объекттæ, фембæлынц кусджытимæ, сæ разамонджытимæ, стæй цæрджытимæ. Зонын сæ фæфæнды, адæмы хъуыдымæ гæсгæ, сфæлгонц кæнинаг æппæты фыццаг æнæмæнг кæцы фæзуæттæ сты, уый.

Паддзахадон Думæйы депутат, регионы проектмæ цæстдарæг Таймазты Артур куыд бафиппайдта, афтæмæй национ проект «Горæты фалдзустæ» тынг фæцыдис адæмы зæрдæмæ, банымадтой йæ хъæугæ, ахсджиаг хъуыддагыл, кæм фæхъæуы, уым кæнынц се ’ххуысы хай дæр. Æмткæй райсгæйæ, зæгъæн ис, æмæ нæ горæты цæрджытæн бæзгæ æмæ удæнцой уавæртæ аразын кæй у «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæйы сæйрагдæр æууæлтæй сæ иу.

Нысангонд куыд цæуы, афтæмæй ма ацы аз фæлгонцады куыстытæ хъуамæ ацæуой Дзæуджыхъæуы æмæ нæ районты 35
фæзуаты.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here