Ног аз райдыдта, йемæ бæттæм ног бæллицтæ, æнхъæлмæ кæсæм дунейы
змæстыты æрсабырмæ, нæ цардыл рæстмæ чи фæзын-дзæн, ахæм хорз, фæрнджын хъуыддæгтæм.
Ахæм ахадгæ æвæрццæг хъуыддæгтæ Ирыстоныл, стæй нæ хуссайраг æфсымæрон республикæйыл чи тауы, уыдонæй иу, æнæмæнг, у «Рæстдзинад»-ы иузæрдион хæлар, меценат, Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы уæнг Лалыты Лев. Ацы хæрззæрдæ адæймаджы Иры дзыллæ хорз зонынц, чи – лæгæй-лæгмæ, чи та – фæсаууонмæ. Цы нæ хъæуы балæууыд, раст ма сыхаг республикæты дæр йæ зæрдиаг лæвар кæм нæ ныууагъта, ахæм нæ баззад. Уæлдай тынгдæр ауды рæзгæ фæлтæрыл, уымæн æмæ зоны: нæ сомбон уыдонмæ кæсы, æмæ сын сæ зæрдæты хорз мыггаг куы байтауæм, уæд фидæны хъæздыг тыллæгмæ æнхъæлмæ кæсдзыс-тæм. Æмæ Левæйæн ацы арфæйаг хъуыддаджы æмбал нæй.
Нæ газет иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста Лалыйы-фырты хæрзаудæндзинадыл. Æнæ дарæгæй цы къорд бинонтæ баззадысты хæстон быцæуты аххосæй, уыдоныл узæлы, сæ сывæллæтты сын царды раст фæндагыл сæвæрдта, раст цымæ сæхи фыд у, уыйау. Къостайы бюстытæ балæвар кодта респуб-ликæйы бирæ хъæутæн, скъолаты та йæ дæлбабазыр бакодта хицæн кълæстæ, сабитæй ахуыры хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи æвдисы, стæй хи дарынæй фæзминаг чи у, уыдонæн снысан кодта стипендитæ. Зоны сын сæ гуырæнбонтæ æмæ сын адджинæгтæй сæ зæрдæ барухс кæны. Æппæт уыцы хорз хъуыддæгтæн аргъгонд æрцыд – 2023 азы йын Хуссар Ирыстоны Президент саккаг кодта Намысы орден, ивгъуыд азы та республикæйы цыппар районы кадджын гражданин ссис. Фæстаг хæрзиуæг ын саккаг кодтой Горæтгæрон районы – ивгъуыд азы кæронбæттæн æмбырды районы хицау Гаглойты Алан Лалыйы-фыртæн зæрдиаг арфæ ракодта йæ хæрзаудæндзинады фæдыл æмæ йын ратта кадджын гражданины æвдисæндар.
Левæйы фылдæр амалхъом адæм куы бафæзмиккой, уæд, чи зоны, нæ фидæн рæсугъддæр уаид.
БУТАТЫ Азæмæт














