Ацы бонты Ирыстоны театралон аивады ирддæр стъалытæй иу, Таутиаты Солæманы
райгуырдыл сæххæст 115 азы. Солæман ирон адæмæй рох никуы у, тынг арæх æй мысæм. Театры хъысмæтыл ныхас куы рацæуы, аивады бирæ æнтыстджын цаутæ куы ‘рцæуы, уæд.
Алы мыггаджы дæр вæййы, сæрыстыр кæмæй вæййынц, ахæм лæгтæ. Таутиаты мыггаг куы фехъусæм, уæд уайтагъд-дæр нæ цæстытыл Солæман
ауайы. Мах, кæстæр фæлтæртæ, йæ нæ федтам, фæлæ, чин-гуытæ æмæ театры тыргъты йын йæ портрет æмæ спектакльтæй скъуыддзæгты фæлгонцтæ куы фенæм, уæд уый дæр фаг у, цæмæй бамбарæм, цавæр курдиаты хицау уыд, уый. Солæман канд Таутиаты мыггаджы нæу, фæлæ дунеон аивады хæзна у. Хъыгагæн ын Солæманæн зæххон цард Дунескæнæг 37 азæй фылдæр нæ ратта, фæлæ йын бантыст уыцы цыбыр рæстæг ирон сценæйы фæрцы театралон аивады бæрзæндтæм схизын, Ирыстоны сæрмæ йæхи стъалы ссудзын.
Таутиаты Хъырымы фырт Солæман райгуырд 1910 азы хæххон Тменыхъæуы, бирæсывæллонджын хæдзары. Йæ сабидуг æнцон нæ уыд. Кæм – æххормаг, кæм – бæгънæг, афтæмæй, уæззау уавæрты хъомыл кодта. Фæлæ йæ нæ басастой фыдбонтæ, фæцалх ис фыдæбон кæныныл æмæ æххуыс кодта йæ ныййарджытæн дæр. Таутиатæ хохæй быдырмæ куы ралыгъдысты, уæд æрцардысты Кировы районы, Даскъофы. Советон цардарæзт куы ‘рфидар, уæд скъолатæ гом кæнын райдыдтой хъæуты. Солæман ахуыр кæнынмæ бацыд Елхоты авдазон скъоламæ, зæрдæргъæвдæй зонын-дзинæдтæм тырныдта, фæлæ-иу æй федтой, колхозонтæн быдырмæ дон куыд ласта, бæхты-иу куыд цынадта, дуканийæн куыд æххуыс кодта. Сарæзта скъолайы драмон къорд дæр. Хъæуы цæрджытæ æхсызгонæй уадысты хæдахуыр артистты спектакльтæм бакæсынмæ. Солæман йæхæдæг дæр архайдта рольты, æмæ-иу йæ хъæлæс хъуыст скъолайы æдде дæрдтыл. Йæхæдæг аргъ нæ кодта йæ курдиатæн, лæмæгъ æм каст, æмæ-иу арæх дзырдта иу цау: «Æнæхъæн спектаклæй бахъуыды кодтон æрмæстдæр, къуымы куыд бадтæн хъæмпыл, мæ къухтыл хъадамантæ æвæрд, афтæмæй. Пьесæмæ гæсгæ мæ размæ æрбацыд мæ уарзон чызг, хъавыдтæн æй æрбахъæбыс кæнынмæ, фæлæ, мæ къухтæ уæгъд кæй нæ уыдысты, уый тыххæй сæ чызджы сæрты байстон æмæ йæм кæугæйæ сдзырдтон «мылая», «милая»-йы бæсты. Залы адæмы худын райхъуыст. Ахæм худинаг мæм æркаст æмæ, мæхи цы фæкодтаин, уый нал зыдтон. Фæндыд мæ сценæйæ алидзын, фæлæ мæ ферох, рæхысы кæй дæн æмæ, чызджы мæ фæстæ куыд ахæр-хæр кодтон, афтæмæй дыууæйæ дæр ахаудыстæм. Адæмы кæл-кæл залыл ныххæлиу, æз та чызгæй мæхи куыд ратонон, уый нал зыдтон». Уый фæстæ Солæман спектаклты архайынмæ нал разы кодта. Ацы цау стыр актер радзырдта Таутиаты Лидæйæн.
Дыууæ азы ахуыр кодта партион скъолайы дæр. 1931 азы Мæскуыйæ ‘рцыд сæрмагонд къамис æмæ æвзæрста курдиатджын фæсивæды театралон аивады паддзахадон институтмæ ахуырмæ. Се ‘хсæн уыд Солæман дæр. Йæ ахуыргæнæг, зындгонд сгуыхт артист Станицын Таутийы-фырты сценæйы куы федта ролы архайгæйæ, уæд ирон адæмæн афтæ загъта: «Ваш театр ждет большое будущее с таким актером, как Таутиев! Это будущий гигант!» Солæман сценæйы рольтæ хъазгæ нæ кодта, фæлæ сæ-иу уд бауагъта, цыма дзы-иу цæргæ кодта, афтæ. Йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй газет «Размæ»-йы 1988 азы Тлаттаты Светланæ бæстон ныффыста, актеры æфсымæр Гæвдийæ кæй фехъуыста, уыцы хабæрттæ.
«1927 азы Солæманы йæ фыд горæтмæ аласта æмæ йæ
ахуырмæ ратта æфсæнвæнда-джы техникуммæ. Уыцы аз курдиатджындæр фæсивæдæй йæ хал кæмæн схауд, Мæскуымæ театралон аивадмæ ахуыр кæнынмæ ацæуынæн, уыдонæй уыд Солæман дæр. Мæскуыйы
ахуыргæнгæйæ йæ хъулон уарзтæй уарзтой йе ‘мбæлттæ æмæ ахуыргæнджытæ.
Солæман цы фæлгонцтæ сарæзта, уыдонæй алкæуыл дæр фæдзурæн ис лæмбынæг. Уымæн бантыст цытджын поэт, ирон адæмы сæрхъуызой Хетæгкаты Къостайы арф зæрдæйы стыр æнкъарæнты знæгты ныхмæ æнæкæрон æнæуынондзинад равдисын. 1939 азы ирон адæм бæрæг кодтой сæ уарзон хъæбул Къостайы райгуырæн боны 80 азы юбилей. Театры артисттæ уыцы бæрæгбоны кадæн æвдыстой спектакль «Къос-
та». Бирæ уазджытæ дзы уыдис нæ бæстæйы алы рæттæй, уыдонимæ – фыссæг-драматург Николай Погодин дæр. Уæд Солæманы хъазты тыххæй Погодин загъта: «Æз рагæй нал федтон театры ахæм цæстысыгтæ. Залы куыдтой ирæттæ, уырыссæгтæ, ацы рæнхъыты автор дæр. Уымæн нымад у Солæманы ацы фæлгонц ирон сценикон аивады шедеврыл». Уыцы аз байгом Ирон театр кадджын уавæры спектакль «Платон Кречет»-æй. Уыцы ролæй уæлдай ма Солæман ирон драмтеатры сценæйы равдыста: Къоста, Хазби, Павел Греков, Олеко Дундич, Дон Гуан, Хæсанæ æмæ бирæ æндæр фæлгонцтæ. Йæхиуыл никуы ауæрста. Йæ зонд, йæ зæрдæйы арт æмæ бæрзонд культурæ лæвæрдта аивадæн. Уыимæ, кæй фæлгонц æвдыста сценæйы, уый миддунемæ-иу афтæ арф бахызти æмæ-иу йæхи дæр ферох кодта.
Дæсны хъазт акодта Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Дыууæ хойы» Хъылцыхъойы ролы, хоты мадыфсымæры лæппу – сæ удæнцой. Солæман сценæмæ æрбахаста цæрдæг, хъæлдзæг, цардхъом лæппуйы зæрдæйы уаг æмæ удыхъæд.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг ын баргонд æрцыд Мæздæджы бынмæ фидæрттæ аразыны куыстæн разамынд дæттын. Æмæ, уыцы партион хæс æнтыстджынæй кæй сæххæст кодта, уый тыххæй Солæман хорзæхджынгонд æрцыд майдан «Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй». Знаг хæстæгдæр кодта Дзæуджыхъæумæ. 1942 азы театр эвакуацигонд æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Кæд цыфæнды зындзинæдтæ æвзæрста коллектив, уæддæр, йæ размæ цы нысан æвæрд уыд, уый йæ къухы бафтыд. 1945 азы театр йæ дæс азы юбилей куы бæрæг кодта, уæд Солæманæн йæ аивадон æмæ партион æмæ æхсæнадон архайды фæдыл советон хицауад саккаг кодта Ленины орден. Солæманæн бантыст аивады æрттивагдæр стъалы ссудзын, фæлæ йыл æрдз гадзрахатæй рацыд. Æгъатыр низ йæ фæстæ зылд. Театры æвадат уавæртæ, уазал сценæ сæ куыст бакодтой – фæсахъат сты йæ рæуджытæ. 1945 азы театр сæвæрдта Мамсыраты Дæбейы пьесæ «Æфхæрдты Хæсанæ». Сæйраг роль бахæс кодтой Солæманæн. Æнхъæл дæр ничи уыд, уæззау рынчынæй ма Солæманæн йæ бон ролы архайын бауыдзæн, уый. Фæлæ та фæзынд сценæйы Хæсанæйы фæлгонцы. Фæзынд цæргæсау, цардбæллон лæппуйæ, æмæ та адæмы къухæмдзæгъдæй зал ныннæрыди. Хæсанæ уыд Солæманы фæстаг роль. 1946 азы ахуыссыд ирон аивады ирд стъалы, фесæфт театры цыкурайы фæрдыг. Хæрз æрыгонæй фæцух йе ‘мгæртты ‘хсæнæй. Фæлæ, цы рацард, уымæй арф æмæ ирд фæд ныууагъта
Ирыстоны аивады бæрзæнды».
Æрмæг бацæттæ кодта
Саутæты Тамилæ