Ацы аз, Уæрæсейы Федерацийы Президенты Указмæ гæсгæ, у Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы аз. Республикæйы ахуырадон уагдæтты аразынц, нæ бæстæйы хæдбардзинад æмæ æдасдзинад чи хъахъхъæдта æмæ хъахъхъæны, уыцы хæстонты кадæн алыхуызон патриотон мадзæлттæ.
Æрæджы Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы (йæ директор – Æбиты Валери) сарæзтой алагираг Диамбегты Станиславы (йæ фæсномыг – «Бек») мысæн изæр. Станислав сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ
хæстон хæстæ æххæст кодта Мамиаты Аланы номыл батальоны размæбырсæг бригад «Ветерантæ»-йы. Ивгъуыд азы хъазуатон тохы рæстæг Станислав йæ цардæй ахицæн, уæззау цæф фæци, афтæмæй. Лæвæрд ын æрцыд Лæгдзинады орден, хъыгагæн, йæ амæлæты фæстæ. Йæ райгуырæн Алагиры хъайтары кадæн фæндзæм скъолайы сæвæрдтой мысæн фæйнæг, уый æрыгон фæлтæры разæнгард кæндзæн райгуырæн бæстæ уарзынмæ.
Мысæн изæр арæзт æрцыд колледжы хъомыладон хайады сæргълæууæг Дзусаты Бэллæйы хъæппæрисæй. Мадзалмæ æрбацыдысты Станиславы мад Диамбегты Зинаидæ æмæ хъайтары æмкурсонтæ – сæ рæс-тæджы се ‘ппæт дæр ацы
ахуырадон уагдоны ахуыр кодтой. Уый æнхъæл чи уыд, æмæ ахæм æнкъард цауы фæдыл æрæмбырд уыдзысты… Æрбацыдысты хæстоны æмкъласонтæ, хæстæджытæ æмæ æмбæлттæ, стæй колледжы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ.
Хъайтары цард æмæ хæстон фæндаджы тыххæй радзырдтой Габолаты Даринæ, «Туризм æмæ уазæгуарзондзинад»-ы факультеты студенткæ (уый дæр Станиславау у Алагиры фæндзæм скъолайы рауагъдон) æмæ Тебиаты Камиллæ. Уазджытæ сæ цæссыг нæ урæдтой, Станиславы хуызистытæ æмæ видеопрезентацимæ кæсгæйæ.
Мамиаты Оледжы номыл батальоны командæгæнæджы хæдивæг Хъаныхъуаты Владимир мадзалы архайджытæн радзырдта, Станислав тохы быдыры цы æхсар æвдыста, уый тыххæй, уымæй уæлдай, кæй уыд диссаджы хæларзæрдæ, æмбалуарзаг адæймаг.
Хæстæджыты номæй колледжы разамынд æмæ, изæр саразыныл чи бацархайдта, уыдонæн бузныг загъта æхсæнадон арха-йæг Касаты Аслан.
Диамбегты Станиславы мысæн изæры ма йæ архайджытæ иу хатт банкъардтой, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ сæ цард кæй не ‘вгъау кæнынц йæ сæрвæлтау. Уымæ гæсгæ, æхсæнады хъуамæ бæрзонд æмвæзадыл лæууа фæсивæды патриотон хъомылад, хъуамæ рох ма уой нæ бæстæйы истори, йæ хъайтартæ, сабырдзинад æмæ сыгъдæг арвы сæраппонд тохгæнджытæ.
ГУГКАТЫ Риммæ,
Алагир