Уыцы бонтæ мысгæйæ

0
16

Абон Хуссар Ирыстоны æрфидар сабырдзинад.
Афтæ уæд алкæддæр!

Абон, æстдæс азы размæ, Хуссар Ирыстонмæ ‘рбалæбурдтой гуырдзиаг экстремисттæ æмæ националисттæ, æмæ уыцы цаутæ историйы сыфты фыст æрцыдысты куыд «фондзбонон хæст».

8 августы æхсæвы гуырдзиаг артиллери æхсын райдыдта Цхинвал, уый фæстæ се ‘фсæдтæ архайдтой Хуссар Ирыстон бацахсыныл. Гуырдзиаг хъæутæ Никъози æмæ Эргнетийы ‘рдыгæй горæт æхстой «Град»-тæ , гаубицтæ æмæ ставдкалиброн минæтæхсæнтæй.

Нæ хуссайраг æфсымæртæм фæдисы ацыдысты Цæгат Ирыстонæй бирæ хæстхъом адæм, медицинон кусджытæ, Цæцæны республикæйы минæвæрттæ, Кæсæг-Балхъарæй – сæ Парламенты Сæрдар Ануар Чеченовы бардзырдмæ гæсгæ – «Медицина катастроф»-ы бригады авд машинæйы – æвддæс адæймаджы, лæппутæ, сæ сæргъы – Алим Карданов, афтæмæй.

Уыцы хæсты хæдфæстæ ацы рæнхъыты автор дæр уым балæууыд, федтам, цы фыдбæллæхтæ сарæзтой нæ раздæры «æфсымæртæ», уыдон, фембæлдыстæм Парламенты Сæрдар Гасситы Знауыримæ – уыцы бон сыздæхт Мæскуыйæ. Уыдыстæм стыр цатыртæй горæты – госпитæлы, аныхас кодтам цæф салдæттимæ. Базонгæ стæм бынæттон журналисттимæ. Хъуыды кæнын, Гаглойты Иринæйы разамындæй пресс-центры къах æрæвæрæн нæ уыд, уацхæсджытæ – Уæрæсейы алы къуымтæй, Приднестровьейы минæвæрттимæ дæр ма базонгæ стæм… Иринæ кæд тынг фæллад уыд, уæддæр немæ аныхас кæнынæн рæстæг ссардта. Куыд нын радзырдта, афтæмæй йæ æрвылбон дзуапп дæттын хъуыдис телефонæй мингай дзурджытæн Уæрæсейы алы рæттæй, хæстæг æмæ дард фæсарæнтæй.

Горæт цъæх-цъæхид дардта – уый, гуырдзы цы хæдзæрттæ, агъуыстытæ фехстой, уыдон хызæй æрæмбæрзтой. Цхинвалы рынчындоны аныхас кодтам тынг фæллад сæйраг дохтыр Кокойты Нодаримæ, федтам, стыр артиллерион хотых дыууæ уæладзыджы ‘хсæн куыд ныссагъд, уый. Стæй дыууæ æрдæгсыгъд гуырдзиаг танчы – горæты астæу…

Диссаг та уый уыд, æмæ, хæст куыддæр фæци, афтæ Хуссар Ирыстонмæ æзфæраздæронæй æрбахæццæ сты аразджыты, монтажникты бригæдтæ Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæнæй, Хъæрæсе-Черкесты Республикæйæ, кусгæ та кодтой, кæрæдзийы ивгæйæ.

Курта, Тамарашени, Къехви – гуырдзиаг хъæуты цæрæг нал баззад, алыгъдысты. Хъуыды кæнын, кæмæндæр йæ цæвæг кæрты астæу тъыстæй баззад, иннæ ран – сылгоймаджы хæдзарон къахыдарæс… æмæ цъæх-цъæхид арвы бын – диссаджы зад фæткъуыбæлæстæ, сæнæфсир…

Уыцы фондз боны цаутыл бирæ дзурын æмбæлы, ирон адæмы историйы баззайдзысты. Уæрæсейы уæды Президент Дмитрий Медведев фехъусын кодта, кæй райдыдта операци «Принуждение Грузии к миру». Нæ бæстæйы адæм равдыстой диссаджы иудзинад. Афтæ – абон дæр, сæрмагонд æфсæддон операцийы æнгом лæууынц кæрæдзимæ иумæйаг знаджы ныхмæ. Уæлахизы бон, æнæмæнг, ралæудзæн.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here