Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы скодтой зæрдылдарæн майдан «Дзæуджы-хъæу – Хæстон намысы горæт»-æй хорзæх кæныны къамисы фыццаг æмбырд.
Æмхъæлæсæй къамисы сæрдарæй равзæрстой горæты разамонæг Мил-дзыхты Вячеславы. Уый куыд бафиппайдта, афтæмæй зæрдылдарæн майдан у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, хæстон цауты ветерантæн, хæстон, паддзахадон æмæ муниципалон службæгæнджытæн, ном-дзыд фæллойгæнджытæн кад скæныны фадат.
«Хæрзиуæг кæмæн дæттæм, уыдоны ‘хсæн аккагдæрты равзарынмæ хъуамæ кæсæм лæмбынæг, хъуамæ нымад цæуа сæ царды фæндаг, горæты рæзтмæ бавæрæн. Æрмæстдæр ахæм ахаст æцæгæй равдисдзæн сæ алкæй бавæрæн, æмæ хæрзиуджытæ раст лæвæрд æрцæудзысты», – загъта Милдзыхы-фырт.
Къамисы уæнгтæ сты 11 адæймаджы, республикæйы æмæ горæты цæрджытæн зонгæ сты сæ архайдæй. Къамисы сæрдары хæдивæг ссис Ходы Мæдинæ, нымæрдарæй равзæрстой Битарты Павелы.
Къамисы æмбырды рæстæг сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ассоциацийы сæрдар Магкæты Олег Дзæуджыхъæуы разамонæгæн радта арфæйы
фыстæг йæ бирæвæрсыг архайды тыххæй. Æппынæдзух сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ хъæугæ æрмæг, фæрæзтæ æрвиты Милдзыхты Вячеслав. Уæдæ йын хорз æмгуыстад ис сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ассоциациимæ дæр.
Дзæуджыхъæуы
бынæттон
хиуынаффæйады
администрацийы
пресс-службæ