Бæллицты скъоламæ къæпхæнтæ

0
34

Æрыдоны районы Фыййаджыбылы астæуккаг скъолайы æрыгон директор Мамсыраты Давид цыбыр рæстæгмæ ссардта фæндаг ахуырдзауты зæрдæтæм. Сывæллæттæ æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсынц йæ уроктæм, æмкусджытæ та дзы разы сты: хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ бæрæг дарынц.

Дыууæ мæйы размæ историйы æрыгон ахуыргæнæджы цард цæхгæр фæивта. Кæд æмæ йæм гимназ «Диалог» æмæ скъола «Интеллект»-ы бакусыны цыбыр фæлтæрддзинад уыд, уæддæр æй алы ахуырдзау дæр  базыдта. Уыцы ахаст уайтагъд фæхæццæ Æрыдоны районы ахуырады департаментмæ. Иу афон Фыййа-
джыбылы скъолайæн директор куы бахъуыд, уæд æнæгуырысхойæ фæдзырдтой Мамсыры-фыртмæ. Афтæмæй 86 сывæллонæн ссис сæйраг зондамонæг.

Æрыгон специалистыл сæмбæлдысты тынг зæрдæбынæй, йæхæдæг æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ. Раздæры директор дæр скъолайы баззад, сабитæн амоны математикæ æмæ физикæ, кабинеттæ кæрæдзи фарсмæ сты. Кæддæриддæр цæттæ у æххуысмæ. «Директор хъуамæ кабинеты ма бада» – ацы сидты руаджы куыст йæ тыхы бацыд. Фыццагдæр уал Давид цæуын райдыдта уроктæм, уыцы хъуыддаг уайтагъд фæзынд скъолайы цардыл.

Цыбыр рæстæгмæ Мамсыры-фырты къухы бафтыд бирæ ивддзинæдтæ, кæдæй-уæдæй скъолайы фæзынд хъарм дон.
Ахуырады хъуыддаджы дæр ивддзинæдтæ фæзындысты. Сывæллæттæ раздæр сæ уæгъд рæстæг хъæбысхæстæй архайдтой, ныр та сæ бон у шахмæттæй, театр æмæ ныв кæнынæй сæ арæхстдзинад равдисын. Йæхæдæг директор амоны историйы уроктæ, тынгдæр йæ зæрдæмæ цæуы куысты æнæрынцойдзинад.

Директор йæхи ахуырдзаутимæ æмбарæй æвдисы, уæдæ цæттæ у  æцæгдзинад раиртасынмæ. Хъæуккаг царды æппæт æууæлтæм цæст дарын хъæуы, фæлæ хъуамæ æмбарой, ахуырдзау йæ зонындзинæдтæн исы, цы аккаг у, æрмæст уыцы бæрæггæнæн. Ам хæстæгдзинадæн бынат нæй. Урокты фæтк директорæй домы цырд æмæ сæрæн уæвын. Кæд æмæ разамонæг у, уæддæр Мамсыраты Давид йæхи уроктæм цæттæ кæны æппынæдзух. Алы урочы дæр рæгъмæ рахæссы, кæй базыдтой, уыцы темæйы æрмæг.

Скъолайы куыст бирæ ис: ногдзинæдтæ коллективмæ бахæссын, сывæллæттæ æмæ ныййарджытимæ æмбаргæ ахастытæ скæнын, ахуырдзауты фæлварæнтæм бацæттæ кæнын. Уæдæ скъола бындурон цалцæгхъуаг кæй у, уый дæр зоны. Кълæсты фæзындзæн проектортæ, ноутбуктæ, интерактивон фæйнæджытæ, ног хъæдын дзаума. Давидæн æппæт уыдæттæ сты бæллицты скъоламæ къæпхæнтæ. Уым та æнтыстджын суæвынæн сывæллæттæн уыдзæн æппæт уавæртæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here