Æрдæгарæзтæй цы бæстыхæйттæ баззад, уыдон ног закъоны проекты бындурыл лæвæрд цæудзысты регионты исбонадмæ, цæмæй сæ фæстæдæр æрбынæттон уой социалон кусæндæттæ. Уый фæдыл закъоны проект УФ-йы Паддзахадон думæмæ балæвæрдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фракци.
Ног закъоны уагæвæрдтыл депутаттæ ныридæгæн æрдзырдтой æмæ йæ фыццаг бакасты сфидар кодтой.
Ног уагæвæрдтæ сæ тыхы куы бацæуой, уæд Территорион райрæзты федералон фондæн лæвæрд æрцæу-дзæн, йæ арæзтад кæронмæ кæмæн нæ ахæццæ, уыцы бæстыхæйттæ регионтæн раттыны бар. Ахæм хъысмæт æнхъæлмæ кæсы, алыхуызон объектты арæзтадæн цы фæзуæттæ райстæуыд, канд уыдонмæ нæ, фæлæ ма, аразджытæ сæ куыстмæ афойнадыл кæм нæ бавнæлдтой, уыцы зæххы хæйттæм дæр.
«Уыцы бæстыхæйттæ æмæ зæххы хæйттыл фидæны аразæн уыдзæн регионтæн хъæугæ социалон кусæндæттæ. Куыд зонæм, афтæмæй бирæ горæтты (арæхдæр бæст-астæу) баззад æрдæгарæзт агъуыстытæ. Уыдон аразджытæ æмæ сæ хицæуттæ дзæгъæлæй ныууагътой. Ахæм объекттæ, иуæй, горæты бакаст æдзæллаг кæнынц, иннæмæй та, техникон æгъдауæй æдас не сты. Ахæм бæстыхæйттæ æмæ зæххы хæйттæ бакæнын хъæуы Территорион райрæзты федералон фонды бæрны. Уыцы структурæ сын дарддæр лыг кæндзæн сæ хъысмæт. Зæгъæм, регионтимæ баныхас кæнгæйæ, уыцы бынæтты фидæны арæзт цæудзысты социалон инфраструктурæйы объект-тæ. Уый фæрцы регионтæн фылдæр гæнæнтæ фæзындзæн социалон инфраструктурæйы кусæндæттæ аразынæн», – ног закъоны уагæвæрдтыл дзургæйæ, бафиппайдта Паддзахадон думæйы депутат Александр Якубовский.
Депутаты ныхасмæ гæсгæ, ног закъон регионтæн ратдзæн ахæм зæххы хæйттæ хуымæтæгдæр фæткы бындурыл хи исбонадмæ раздахыны фадат. «Кæй
зæгъын æй хъæуы, ахæм фæтк уæлдай финансон хæрдзтæ нал расайдзæн, уымæн æмæ уыцы зæххы хæйттæ аукцион æмæ æндæр ахæм базарадон процедурæтæм рахæссын нал бахъæудзæн. Уый фæрцы та ног рæвдауæндæтты, скъолаты, æхсæнадон фæлладуадзæн бынæттæ æмæ æндæр объектты арæзтад уыдзæн асламдæр», – загъта депутат.
САНАТЫ Альбинæ