Медицинон æххуыс – «Мамысон»-ы комплексы

0
131

Æппæт афонты кусæг туристонрекреацион комплекс «Мамысон»-ы æппынæдзух райсæн уыдзæн медицинон æххуыс. Хъуыддагæн алывæрсыг мадзæлттæ саразыны хæс бæрнон адæймæгты размæ сæвæрдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фæлладуадзæг адæм æмæ комплексы кусджытæн скæндзысты æвæстиат медицинон æххуыс райсыны пункт, тагъд медицинон æххуысы бригадтæ æппынæдзух рад хæсдзысты. Ацы нысантæ сбæлвырд кодтой «Кавказ.РФ»-йы компаниимæ, «Мамысон» уыдон аразынц. Тагъд комплексы фæзындзысты медицинон æххуыс кæныны фадæттæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here