Хъуыддаджы балц

0
217

Æппæтуæрæсеон акци «Граждайнаг цæстдард» æххæст кæнгæйæ, Алагиры районы мид-хъуыддæгты хайады Ветеранты советы сæрдар, пъæлицæйы отставкæйы булкъон Бицъоты Олег æмæ хайады Æхсæнадон советы сæрдар Бутаты Руслан амынд хайады радхæссæг хайы куыст рабæрæг кодтой.

Радхæссæг хайы чи ис, ревизортæ уыцы гæххæттытæ æмæ агъуыстыты санитарон уавæр сбæлвырд кодтой (пъæлицæйы кусджытæ адæмæй æрбафтæг курдиæтты регистрацийы фидаргонд фæтк æххæст кæнынц æви нæ, уæлдай фылдæр æргом уымæ здахгæйæ). Хъуыддаджы балцы архайдтой районы мидхъуыддæгты хайады ветеранты организаци æмæ Æхсæнадон советы уæнгтæ Зæнджиаты Руслан, Гæлуаты Æхсар, Баскаты Таймураз æмæ Валерий Ягудаев дæр.

Радхæссæг хайы агъуыс-тытæ техникон уагæй ифтонггонд куыд сты, стæй, радхæссæг пъæлицæйы кусджытæ сæ службæйы хæстæ куыд æххæст кæнынц, оперативон радхæссæг, пъæлицæйы капитан Самбегты Альберт æмæ йе ’ххуысгæнæг Тебиаты Артур æхсæнадон организациты уæнгтæн уыдæтты тыххæй хабæрттæ ра-
дзырдтой. Радхæссæг хайы кусджытæ фыдбылызты тыххæй адæмæй сæм æрбафтæг телефонон хъусынгæнинæгтæн дзуапп куыд дæттынц, уазджытæ комкоммæ уый федтой.

Ахст гуырысхойаг адæймæгты кæм дарынц, æхсæнадон организациты уæнгтæ ахæм хатæнтæ дæр бабæрæг кодтой. Уыдон сæм æвдыст домæнты аккаг кæй сты, хъуыдда-джы балцы архайджытæ уый бафиппайдтой.

Æхсæнадон организациты уæнгтæ радхæссæг хайы кусджыты дæсны-дзинад бафиппайдтой æмæ сын сæ куыстæй разыйæ баззадысты.

 

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here