Хъæбатыр хæстонты кадæн

0
422

Советон Цæдисы Хъæбатыр П.В. Масленниковы номыл Æрхонкæйы фыццæгæм скъолайы Уæрæсейы Хъæбатыр Сергей Фирсовы номыл æхсæзæм къласы ахуырдзаутæ сæ разамонæг Н.В. Ряшко æмæ уæлæмхасæн ахуырады педагог Зæнджиаты Тамарæимæ бацæттæ кодтой мысæн мадзал, Сабыр фурды флоты 55-æм дивизийы 165-æм полчъы сгарджыты къорд «Малина-1» куы бабын, уыцы цауы 30 азы бонмæ, разамынд ын лæвæрдта Сергей Фирсов.

Скъоламæ æрбахуыдтой кадджын уазджытæ – Уæрæсейы Хъæбатыр Андрей Днепровскийы мад Татьянæ Днепровскаяйы, РЦИ-Аланийы æфсæддон комиссарады минæвар Гобеты Владимиры, 19-æм дивизийы æфсæддон, капитан Валерий Гуровы.

Сабитæ мадзалмæ сæхи хорз бацæттæ кодтой – бакастысты æмдзæвгæтæ, азарыдысты пат-риотон зарджытæ, стæй уазджытæн радзырдтой хъæбатыр сгарджыты къорды истори. Цæцæны фыццаг хæстон кампанийы рæстæг, 1995 азы 7 февралы «Малины-1»-ы сгарджытæ, хистæр лейтенант, сгарджыты ротæйы командиры хæдивæг Сергей Фирсов, матрос Вадим Выжимов, сержант Юрий Зубарев, хистæр матрос, радиотелефонист-сгарæг Андрей Сошелин æмæ матрос Андрей Серых карз тохы æрлæууыдысты, сæдæйæ фылдæр чи уыд, ахæм знаджы къорды ныхмæ. Уыдон цыдысты Грознайы пырх уынгты автовагзалы ‘рдæм. Сергей Фирсов алырдæм аракæс-бакæс кодта æмæ ратта рацæуыны бардзырд фæндзæм ротæйæн. Бандиттæ морпехты куы федтой, уæд сыл нæмгуытæ ныккалдтой. Взвод æрхуыссыд, сæ сæртæ хæрдмæ нал истой.

Уыцы заман дарддæр чи ацыд, уыцы сгарджыты къорд знаджы æхсын байдыдта, йе ‘ргом ын барæй йæхимæ здахгæйæ. Уый уыдис цыппар сахаты дæргъы фондз æхсарджын сгарæджы хъазуатон тох сæдæ бандиты ныхмæ.

Юрий Зубарев хъуамæ демобилизацигонд æрцыдаид, фæлæ командирæн балæгъстæ кодта, уемæ мæ ауадзут, зæгъгæ, нæ йæ фæндыд йе ‘мбæлттæй фæхицæн уæвын. Уый фæмард фыццаг. Æрыгон матрос Вадим Выжимовæн минæйы схъис йæ сæрыфахс æмæ йæ къах атæхын кодта. Æртæйæ ма баззадысты. Æххуысмæ сæм ничи æрбацыдаид, бастдзинад сæм нæ уыд. Сергей Фирсов матрос Андрей Серыхы æххуысмæ арвыста æмæ йын афтæмæй йæ цард бахъа-хъхъæдта. Дыууæйæ ма базза-
дысты сæ дыууæ мард æмбалимæ.

Æппынфæстаг сæм æххуыс куы ‘рбахæццæ, уæдмæ Сергей Фирсов æмæ Андрей Сошелин дæр фæмард сты. Фирсовы буары банымадтой 72 нæмыджы. Знаджы æнæуынондзинад афтæ тыхджын уыдис, æмæ ма, лæппу куы фæмард, уæддæр сæ маргæйдзаг нæмгуытыл нæ ауæрстой.

Мадзал рауад æрмæгæй хъæздыг, мидисджын, рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладыл рæстмæ чи сахаддзæн, ахæм. Уый тыххæй дзырдта скъоладзау-тæн Татьянæ Днепровская дæр: «Хъуамæ зонат нæ бæстæйы истори, аргъ кæнат адæймаджы цардæн, сæрыстыр уат æмæ уæ зæрдыл дарат хъайтарты нæмттæ. Ивгъуыд истори куы нæ зонæм, уæд нæ бамбар-дзыстæм, абоны сабыр цардыл цы стыр аргъ фыст цæуы, уый».

ГАПБАТЫ Алетæ, къам систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here