Ирон æвзаг ахуыр кæныны къордты архайд скъолайы ахъаз у канд æвзаг арфдæр базонынæн нæ, фæлæ ма ахуырдзаутæн мадæлон культурæ æмæ традицитæн аргъ кæныны хъуыддаджы дæр.
Цыколайы скъолайы ныр дæс азæй фылдæр кусы къорд «Ирон дзырд». Арæзт æрцыд райдайæн кълæсты æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Химилонты Азæйы хъæппæрисæй. Курдиатджын ахуыргæнæджы разамындæй ацы къорд æмбырд кæны, йæ мадæлон æвзагыл æнувыд чи у, ахæм ахуырдзауты.
Къорды архайджытæ алы къуыри дæр аныгъуылынц дзырдты дунейы: æрдзурынц литературон уацмыс-тыл, бацæттæ кæнынц цыбыр инсценировкæтæ, ахуыр кæнынц зарджытæ, æмдзæвгæтæ аив кæсын æмæ архайынц алыхуызон конкурсты. Къорды разамонæг канд йæ зонындзинæдтæ нæ дæтты, фæлæ ма сывæллæтты разæнгард кæны сфæлдыстадмæ.
Йæ архайды фæрцы «Ирон дзырд»-ы къорд ссис, ног хъуыдытæ кæм гуырынц æмæ хæлардзинады баст-дзинæдтæ кæм фидар кæнынц, ахæм бынат.
РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы
министрады
пресс-службæ














