Лæгæвзарæн рæстæг ралæууыд, æмæ Иры фæсивæд фыццæгтимæ æрлæууыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй нырмæ æртæ азы рацыд, æмæ ахæм бон нæма скодта, нæ хъайтар лæппуты æхсар æмæ лæгдзинады хабæрттæ нæм кæд нæ сыхъуысыдысты фронтæй.
Фæлæ цæуы æцæг хæст, иугонд Ныгуылæн цыма агъуыйгæ скодта – йе ‘ппæт хъарутæ дæр нæ бæстæйы ныхмæ сарæзта. Æххуыс кæны Зеленскийы режимæн, кæмæн йæ бон куыд у æмæ цæмæй у, уымæй. Хъыгагæн, ныл æрмæст æхсызгон хабæрттæ нæ сæмбæлы. Иры хъайтартæй бирæтæн сæ цард тохы быдыры аскъуыд. Сæ ном рох нæ уыдзæн, Иры дзыллæ сыл хъæбатырты зарджытæ скæндзысты, цæрдзысты фæлтæрты зæрдæты.
Уыцы Иры хъæбултæй иу у æрыдойнаг лæппу –Хъæцмæзты Эдуард. Йæ цард йе ‘мцахъæнты цардæй ницæмæй хицæн кодта – Æрыдоны æртыккæгæм скъола каст фæуыны фæстæ сæххæст кодта йæ бæллиц – гыццылæй нырмæ йæ фæндыд афицер суæвын. Уыдис хуыздæр ахуырдзауты рæнхъы, архайдта скъолайы æхсæнадон царды.
Дарддæр æй 2018 азы йæ бæллиц ахуыдта Мæскуыйы уæлдæр иумæйаг æфсæддон училищæмæ. Ам дæр уыдис раззагдæр курсанттæй иу. Ахуыры фæстæ 2021 азы æрыгон лейтенант Хъæцмæзты Эдуард службæ кæнынмæ æрвыст æрцыд Амуры облæстмæ. Уыдис гранатæхсæг хицæн взводы командир.
Эдик фыццаг бонтæй фæстæмæ архайдта сæрмагонд æфсæддон операцийы. 2022 азы 26 апрелы хъазуатон тохы рæстæг не ‘мзæххон хъæбатырæй фæмард Харьковы бынмæ. Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ Хъæцмæзты Эдуардæн йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Лæгдзинады орден.
Хъайтары ныййарджытæ Хъæцмæзты Роберт æмæ Ленæйæн сæ зæрдæйы рыст никæд ссæу-дзæн, никæд байгас уыдзæн сæ уды арф хъæдгом. Сæ уарзон хъæбул нал æрбахиздзæн сæ хæдзары къæсæрæй – ахæм у царды рæстдзинад. Фæлæ, сæ лæппу æхсар æмæ лæгдзинад кæй равдыста, йе ‘рыгон цард рæстдзинады сæрвæлтау кæй ратта, уый рох нæ уыдзæн, йæ рухс ном цæрдзæн, арвыл йе стъалы судздзæн…
ГАПБАТЫ Алетæ














