Хæрзиуджытæ дунеон рейтингон турнирæй

0
33

Хорватийы сæйраг горæт Загребы спортивон хъæбысхæсты дыууæ хуызæй цыдысты дунеон рейтингон турниры ерыстæ.

Фыццаг гауызыл сæ хъару æмæ арæхстдзинад æвдыстой уæгъдибар хъæбысхæсты богæлттæ. Ацы хуызы ерысты Уæрæсейы номæй хæцæг богæлттæ нæ уыди. Уый хыгъд уæрæсейаг богæлттæ къордæй хæцыдысты æндæр бæстæты номæй. Уыдонæй уыдысты цыппар ирон богалы: Тускъаты Азæмæт (Серби), Салхъазанты Таймураз (Словаки), Джиоты Арсений (Азербайджан) æмæ Цæкулаты Батырбег (Словаки).

Ирон богæлттæ цыппарæй дæр систы  призон бынæттæ бацахсджытæ.

74 онг уæзы æнтыстджын рауад Салхъазанты Таймуразы архайд. Уый фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ бацахста 1-аг бынат.

Æвзист майданæй хорзæхджын ссиc, 86 кг онг уæзы хæцгæйæ, Джиоты Арсений. Тускъаты Азæмæт (57 кг) æмæ Цæкулаты Батырбег хорзæхджын систы бронзæ майдантæй.

Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Уæрæсейы номæй хæцæг богæлттæн бантыст æртæ сыгъзæрин æмæ æртæ бронзæ майданы рамбулын.

Сыгъзæрин майдантæй хорзæхджын систы: Динислам Бамматов (63 кг), Сергей Степанов (77 кг) æмæ Артур Саргсян (97 кг). Бронзæ майдантæ та рамбылдтой: Садык Лалаев (60 кг), Сергей Кутузов (77 кг) æмæ Марат Кампаров (130 кг).

Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй сæрæн рахæцыд æмæ сыгъзæрин майданæй хорзæхджын ссис Сербийы номæй хæцæг ирон богал Тыбылты Георги. 60 кг онг уæзы Георги фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ æнæгуырысхойæ ссис рейтингон турниры уæлахиздзау. Георгийы турнирмæ бацæттæ кодта йæ тренер Цæмæхъуаты Нарт.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here