Фыдвæндтæн кæрон сæвæрдтой

0
27

Цæгат Ирыстоны Прокуратурæ 30-аздзыд дзæуджыхъæуккаг сылгоймагыл арæзт уголовон хъуыддаджы зылынгæнæн хатдзæг сфидар кодта.

Ацы сылгоймаджы аххосджын кæнынц Уголовон кодексы
228.1-æм статьяйы 4-æм хайы («Цалдæр адæймаджы, рагацау баныхас кæнгæйæ æмæ информацион-телекоммуникацион хызæгæй пайда кæнгæйæ, стыр бæрцæй наркотиктæ æнæзакъонæй ауæй кæнынмæ бахъавыдысты») амынд фыдракæнд саразынæй.

Слестгæнджыты ныхасмæ гæсгæ, закъон фехалынæй кæй зылын кæнынц, уыцы сылгоймаг, æхца бакусын фæнд скæнгæйæ, фарон майы æбæрæг адæймæгтимæ (сæ нæмттæ бæлвырдгонд нæма æрцыдысты) баныхас кодта нæ республикæйы цæрджытæн сусæг æвæрæнты фæрцы 140 граммы наркотикон фæрæз метилэфедрон, 44,69 граммы гашиш æмæ 20 граммы диметил-фенил-этиламин æнæзакъонæй ауæй кæныныл. Фæлæ, барадхъахъхъæнæг оргæнты кусджытæ кæй баурæдтой, уыцы сылгоймагæн йæ фыдвæндтæ кæронмæ ахæццæ кæнын нæ бантыст.

Уголовон хъуыддаг барвыстой тæрхондонмæ биноныг ыл æрныхас кæнынмæ.

Амынд фыдракæнд саразæг адæймагæн рахæссæн ис 20 азы дæргъы ахæстоны фæбадыны тæрхон.

 

РЦИ-Аланийы Прокуратурæйы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here