Адæймаджы низтæ дыууадæс минæй уæлæмæ сты. Дунеон классификаци сæ дих кæны 10 къордыл, уыдонæй цыппар хауынц дермато-венерологимæ. Алы цыппæрæм низ дæр баст у ацы къабазимæ. Ацы нымæцтæ æрхастам, цæмæй газеткæсæг æмбара, æрмæджы ныхас цы къабазыл цæуы, уый куыд ахсджиаг у, уый. Дермато-венерологон низтæ не ‘руадзын æмæ сæ дзæбæх кæныны, дохтырты ног фæлтæры хъомылад æмæ æндæр ахсджиаг фарстатимæ нæ уацхæссæджы базонгæ кодта медицинон наукæты доктор, ЦИМА-йы дерматологи æмæ венерологийы кафедрæйы сæргълæууæг Бæззаты Тадиозы фырт Витали – зонадон æмæ практикон кусæг, стæй фæсивæдæн зондамонæг æмæ хъомылгæнæг.
– Низтæй хорз никæцы у, фæлæ… Раздæр-иу афтæ дзырдтой, адæмæн сæ цард хуыздæргæнгæ цæуы, æмæ ралæудзæн ахæм рæстæг, хæрæгхæлмаг, сыстытæй хæцгæ æмæ æрдон низтæ сæхи æгъдауæй кæд скуынæг уыдзысты. Хъыгагæн, афтæ нæу. Регионты ‘хсæн нæ республикæйы цаудыл банымайæн нæй, фæлæ, федералон центртимæ абаргæйæ, нæ кусæнгæрзтæ рæстæджы домæнтæн дзуапп нæ дæттынц, фæстейы аззадыстæм. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады бардзырд æххæст кæнгæйæ, нæ куыст хъуамæ арæзт цæуа клиникон амынддзинæдтæм гæсгæ. Фыст дзы ис, псориаз дзæбæх кæнын кæй хъæуы фототерапийы хуыз – поотерапийы фæрцы. Махæн та ахæм аппарат нæ бон нæу самал кæнын, нæ республикæйы иу дзæбæхгæнæндоны дæр нæй. Уæдæ медицинон программæтæй иуы дæр нæ архайæм.
Нæ кафедрæ кусы псориаз, аллергийы бирæ хуызтимæ баст низтæ дзæбæх кæныныл. Уый æнцон хъуыддаг нæу, кæронмæ сдзæбæх кæнæн сæ нæй, фæлæ низы цыд цасдæр рæстæгмæ бауромын фæразæм. Рецидив цас рæстæг ахæсдзæн, уый та адæймаджы иммунитетæй аразгæ у. Сæ фæстиуджытæ уæззау сты, пырх кæны æмæ хæры буары алы хæйттæ, хуылфæй райдай, æмæ стджытæй фæу. Ранымад низтæй бирæтæ хуымæтæджы нæ рынчын кæнынц, сæйрагдæр аххосаг – хæринæгтæ æмæ хæрды культурæ: фастфуд, химион буаргъæдтимæ халсартæ æмæ дыргътæ, промышленнон арæнты уагъд маргъ æмæ стуры дзидза, гормонтæ æмæ антибиотикты ныхмæ адæймаджы буар дзуапп ратты ахæм хуызы, – зæгъы ахуыр-
гонд-дохтыр.
Бæззаты Витали Цæгат Ирыстоны Медицинон институт 1980 азы фæцис каст, кусынмæ йæ арвыстой Липецкмæ. Фæстæдæр лæууыд Ташкенты НИИ-йы Дермато-венерологийы кафедрæйы, 1991 азæй та – ЦИМА-йы кафедрæйы сæргъы. Кандидаты ном бахъахъхъæдта, витилигойы (урс къæмы низ) фæдыл зонадон куыст бакæнгæйæ, докторы диссертацийы темæ уыд венерологон хæцгæ низтæ не ‘руадзын æмæ сæ дзæбæх кæныны темæйыл.
– Псориазæй мин азæй уæлæмæ рынчын кæны адæймаг, рынчын дзы уыдысты, историйы сæ нæмттæ кæмæн баззадысты, уыцы Юлий Цезарь, Уинстон Черчиль, Иосиф Сталин. Абоны онг ацы низæн хос саразыны фæдыл дунейы бонджындæр Рокфеллеры преми ничима райста, нæма йæ æрхъуыды кодтой уал азмæ, – йæ ныхас дарддæр хæццæ кæны Витали.
Дзæуджыхъæуккæгтæ æнæ бафиппайгæ нæ фесты, фæстаг рæстæг нæ горæты ногæй кæй фæзындысты, рагæй дæр цæст кæуыл нал æрхæцыд, уыцы мæргътæ: сау-
цъиу, гæркъæраг, дыгоппон, сырддонцъиу. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Ирыстоны экологийы уавæр кæй фæхуыздæр. Фæлæ аллергийæ рынчынты нымæц фылдæр кæны, адæймаг та йæм ницы уыйас хъус дары, цалынмæ стыхджын вæййы, уæдмæ. Дермато-венерологийы къабазы фæзынд ногдзинад – косметологи. Студентты ‘хсæн иугæйттæ равзарынц дермотолоджы дæсныйад. Нæ æрмæджы хъайтар куыд радзырдта, афтæмæй стажировкæйы уыд Германы æмæ сын сæ дæсныйады тыххæй немыцаг профессор афтæ дзырдта, зæгъгæ, дерматолог-венерологтæ рæстæ-
джы цыды нал уыдзысты, уымæн æмæ косметологтæ æхца кусдзысты, сымах та материалон æгъдауæй цæудзыстут ссæст.
Косметологи у лæггæдты хуыз, иутæ уыцы куыст кæнынц, сæрмагонд цæттæ-
дзинад сæм нæй, афтæмæй, цæстдарæг сæм нæй, æмæ сын æппæт дæр барст цæуы. Бирæтæм афтæ кæсы, æмæ косметолог суæвын æнцон у, дерматологийы зонын-
дзинæдтæ дзы нæ хъæуынц. Фæлæ æнæ уыдонæй косметолог суæвæн нæй. Виталийы бацагурынц тæрхоны экспертизæ кæнынмæ, арæх клиенттæ разыйæ нæ баззайынц, операци сын цы косметолог скæны, уымæй, æмæ йыл тæрхондонмæ бадæттынц. Адæймаджы æвидыц чи кæны, уыдæттыл куы архайой косметологтæ, уæд уымæн бамбарæн ис, фæлæ арæх клиентты тырнындзинад алыхуызон операцитæй рæсугъддæр фæуынмæ баст вæййы сæ психикæимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл нæдæр клиенттæ сæттынц, нæдæр – сæ хионтæ.
– Куы сæ бафæрсай, фæрæсугъддæр дæ, уæд бæлвырд дзуапп раттын сæ бон нæ вæййы, – сагъæс кæны Бæззайы-фырт. Æцæгдзинадæй, уырыссаг æмбисонд куыд зæгъы, «æппæтæй æххæст уæвынмæ тырнындзинад арæн нæ зоны». Хатт иуæй-иуты æнæзонд митæ æркæнынц трагедимæ…
Венерологи дæр, ахуыргонды хъуыдымæ гæсгæ, фæстæгæнгæ цæуын райдыдта, рынчынтæ та, фыццагау, ис. Раздæр системæ афтæ арæзт уыд, æмæ-иу адæймаг фæрынчын, уый куыддæр сбæрæг, афтæ-иу æй сæвæрдтой æмæ дзæбæх кодтой æхгæд медицинон уагдоны. Ныр уый нал ис. Интернет байгом кæн, дæхицæн диагноз сæвæр æмæ йæ куыд дзæбæх кæнын хъæуы, уыцы амынддзинæдты фæдыл цу. Уый иу æмæ дыууæ дохтыры не ‘фтауы сагъæсы. Низ стыхджын вæййы, уый иу хъуыддаг у, иннæ та – зæнæг сын нал рацæуы. Алы 6-7-æм бинонтæ дæр æнæ цотæй баззайынц. Фыццаг аххосаг – гуырдзæй рахаст буары хъæндзинæдтæ, дыккаг – уæлдæр цы низты кой ракодтам, уыдонимæ, инфекцион низтæй цы фæсивæд садысты, уыдон дæр. Ахæм низ, куыд хламедионы инфекци, бирæ азты йæхи нæ февдисы, афтæмæй рынчынты 90 процентæн сывæллон нал райгуыры.
– Нæ дæсныйад медицинæйы бирæ къабæзтимæ – терапийæ, онкологи æмæ медицинæйы иннæ дæсныйæдтимæ у æнгом баст. Америкаг медицинон ассоциацийы иртæстыты бæрæггæнæнтæ куыд равдыстой, афтæмæй дохтырты ‘хсæн зæрдæргъæвддæртыл нымад сты анестезиолог-реаниматологтæ, сæ фæстæ – дермато-венерологтæ.
Цы уыдыстæм, цы стæм æмæ цæмæ цæуæм? Уыцы фарстытæн райгæ цæстæнгасимæ дæттæм дзуапп. Иннæ клиникæтимæ абаргæйæ, нæ кафедрæйы хуыздæр уавæртæ ис низтæ дзæбæх кæнынæн, ис нæм æнæмæнгхъæугæ аппаратурæ. Хуыздæрхъуаг у нæ материалон-техникон ифтонгад. Хорз уаид, фототерапийы аппарат балхæнынмæ нæм æхца куы уаид, уæд. Нæ лифт фехæлд, æмæ нæм цы уыд, уыдон уый сног кæныныл бахардз сты. Арæх мæ куы бафæрсынц, хи клиникæты фарс дæ, зæгъгæ, уæд мæ
дзуапп вæййы ахæм: сæ ныхмæ нæ дæн, фæлæ дын паддзахадон уагдоны баххуыс кæнынæн фадат куы уа, уæд уый хорз хъуыддаг у, – зæгъы ме ‘мныхасгæнæг.
Цæгат Ирыстоны Медицинон академи дерматологтæ æмæ венерологтæй канд нæ республикæ æмæ алфамбылай регионты нæ ифтонг кæны. Ахуыр дзы кæнынц фæсивæд Египетæй, Палестинæйæ, Ливанæй. Царды ахсджиаг у, кæд дзы егъау ивддзинæдтæ цæуы, уæддæр. Куыд фидæны дохтырты ног фæлтæры ахуыргæнæг æмæ зондамонæг, афтæ Бæззаты Витали стыр æргом здахы сæ цæттæдзинадмæ.
– Амидин сæ кæнын, цæмæй арæхсой, куыд дохтыр хъуыды кæнынмæ. Студентæн цæуыл у йæ хъуыды? Исты амалæй фæлварæн сæхгæн æмæ ферох кæн, мах цы зонындзинæдтæ раттынмæ тырнæм, уыдон. Тыхæй никæй ис сахуыр кæнæн, дæ уды арфæй куы нæ цæуа, уæд. Ис нæм зондджын чызджытæ æмæ лæппутæ, зонындзинæдтæ райсынмæ чи тырны æмæ иттæг хорз чи ахуыр кæны, – зæгъы Тадиозы фырт. Уыцы студенттæй сæрыстыр у сæ хъомылгæнæг, æппæлынæн нæ, фæлæ разыйæ чи тауы йæ фæлтæрддзинад фидæны дохтыртыл, уыцы Бæззаты Витали.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ, авторы ист къамтæ














