Цæгат Ирыстон – Белорусси: æнгомдæр бастдзинæдтæ, уæрæхдæр æмгуыстад

0
36

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй знон райдыдта цæгатирыстойнаг официалон делегацийы балц Белоруссимæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.

Регионы делегацийы сты: РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Тхостаты Мурат, республикæйы экономикон рæзты министр Сокаты Марат, промышленность æмæ инвестициты министр Отарты Олег æмæ хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан.

Ирыстоны минæвæрттæн дыууæ боны дæргъы уыдзæн бирæ ахсджиаг фембæлдтытæ – Белоруссийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Виктор Каранкевичимæ, Наукæ æмæ технологиты паддзахадон комитеты сæрдар Сергей Шлычковимæ, Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Борис Грызлов æмæ æндæр ведомствæты разамонджытимæ.

Уымæй уæлдай, республикæйы уазджытæ бабæрæг кæндзысты зындгонд заводтæ «МАЗ», «БелАЗ» æмæ «МТЗ» (уыдон уадзынц уæззау автомобилон техникæ æмæ трактортæ), базонгæ уыдзысты куыстадон фæтк æмæ продукцийы хуызæгтимæ.

«Нæ республикæйы делегацийæн райдыдтой кусæг фембæлдтытæ белоруссаг зæххыл. Белоруссийы æнтыстджынæй кусынц хъомысджын промышленнон æмæ хъæууонхæдзарадон комплекстæ. Нæ фысымты фæлтæрддзинадмæ æркæсын, нæ фадæттимæ сæ базонгæ кæнын, иумæйаг проекттыл бакусын – уыцы нысантыл бæстон æрдзурдзыстæм хицаудзинады оргæнты бæрнон кусджытæ æмæ амалхъомады къабазы минæвæрттимæ», – Минскмæ æрбацæугæйæ, фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 2024 азы фæззæджы Цæгат Ирыстон кусæг балцимæ бабæрæг кодта Белоруссийы официалон делегаци Наукæ æмæ технологиты паддзахадон комитеты сæрдар Сергей Шлычковы разамындæй. Уæд фидаргонд æрцыд Цæгат Ирыстон æмæ Белоруссийы ’хсæн базарадон-экономикон, наукон-техникон æмæ культурон æмархайд фидардæр кæныны пълан. Уыцы пъланы уагæвæрды бындурыл арæзт цæуынц ацы бонты фембæлдтытæ дæр.

Цæгатирыстойнаг делегацийы балцы тыххæй бæстондæр æрмæг кæсут «Рæстдзинад»-ы иннæ номыры.

СЛАНТЫ Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here