Цæгат Кавказы федералон зылды æппæт регионтæ дæр ахадгæ мадзæлттæ аразынц, цæмæй адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм раивыны пълантæ афойнадыл æххæстгонд цæуой. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Территориты райрæзты федералон фонды генералон директор Ильшат ШАГИАХМЕТОВ.
Куыд иннæ уæрæсейаг регионты, афтæ Цæгат Кавказы федералон зылды дæр архайд цæуы кæлæддзаг цæрæнуæтты нымæц фæкъаддæр кæныныл. Ахæм нысан хицаудзинады оргæнты размæ æвæры Президент Владимир Путин, уый фæдыл бæлвырд пълантæ бахастæуыд фыццаградон национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæтаг алфамбылай»-ы уагæвæрдмæ дæр.
Уыимæ, фыццаг къæпхæныл ныхас цæуы, 2017 азы онг кæлæддзагыл цы хæ-
дзæрттæ нымад æрцыд, уыдонæй адæмы ног цæрæнуæттæм раивыныл. Уыцы нысаныл кусгæйæ, æппæт цæгаткавказаг регионтæ дæр сæ пълантæ сæххæст кодтой. Ахæм хатдзæгтæ скодтой Территориты райрæзты федералон фонды (ацы структурæйы бæрны сты кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм ивыны программæтæ) спе-
циалисттæ.
«Амынд национ проекты фæлгæты Цæгат Кавказы федералон зылды 290,4 мин квадратон метры бæрцæй кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм хъуамæ раивтаиккой 18,1 мин адæймаджы. Уыимæ, 2019 азæй нырмæ пъланон бæрæггæнæнтæ уæлдайджынтæй æххæстгонд æрцыдысты: федералон зылды регионты ног цæрæнуæтты хицæуттæ систы 20,6 мин адæймаджы (уыдон раздæр цардысты 315,7 мин квадратон метры бæрцæй кæлæддзаг хæдзæртты). Сæрмагондæй зæгъын хъæуы, уыцы граждæнтæй 1,4 мин адæймаджы ног фатерты регионалон программæты фæрцы кæй æрцардысты, уый дæр», – бафиппайдта Ильшат Шагиахметов.
Фонды генералон директоры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, кæлæддзаг цæрæнуæтты бæрц фæкъаддæр кæныны хъуыддаджы фылдæр бантыст Цæцæны республикæйæн (188,5 мин квадратон метры), Стъараполы край (29,3 мины) æмæ Кæсæг-Балхъары республикæйæн (25,9 мин квадратон
метры).
«Рæстдзинад» бахатыд фонды разамонæгмæ, цæмæй нын фæбæлвырддæр кæна, амынд программæтыл куысты Цæгат Ирыстоны къухы цы бафтыд, уый. «Фыццаджы-фыццагдæр, зæгъдзынæн, республикæ йæ пълантæ кæй сæххæст кодта, уый. Афтæ, 2019 азæй нырмæ регион кæлæддзаг хæдзæртты 20,5 мин квадратон метры бæрц фæзуатæй ног цæрæнуæттæм хъуамæ раивтаид 1,1 мин адæймаджы. Хъуыддагæй та республикæ кæлæддзаг хæдзæртты фæзуат фæкъаддæр кодта 25,6 мин квадратон метры бæрцæй, ног цæрæнуæтты хицæуттæ систы 1,5 мин адæймаджы», – радзырдта Ильшат Шагиахметов.
Калманты Аслан