РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис скодта Инвестицион советы æмбырд. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, республикон Парламенты депутаттæ, Цæгат Ирыстоны амалхъом æмæхсæнады минæвæрттæ.
Советы уæнгтæ лæмбынæг æрныхас кодтой цæрæнуæтты комплекс саразыны курдиатыл. Балæвæрдта йæ куыстуат «Фортуна», фæнды сæ Дзæуджыхъæуы 2,5 мин фатеры саразын. Уыдонимæ сты федералон программæ «Уæрæсейаг бинонтæн цæрæнуæттæ»-йы архайджытæ дæр, афтæмæй нæ бæстæйы цæрджытæн фæзындзæн аккаг цæрæнбынæттæ.
Ацы ран, 12 мин квадратон метрыл, хъавынц саразын социалон бæстыхæйттæ дæр, ома, аивæдты скъолатæ, дуканитæ, кафе, спортивон комплекс, супермаркет, рæсугъдгæнæн салон. Фæзындзæн дзы 100 кусæн бынатæй фылдæр. Афтæ æмбарын кæнынц сæ проект ин-
вестортæ.
Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æппынæдзух республикæйы разамынды цур æвæры амалхъомадæн æппæтвæрсыг æххуыс кæныны хæс. «Ныртæккæ республикæйы ис дзæбæх инвестицион ахаст, Дзæуджыхъæуы ахæм цæрæн комплекс куы фæзына, уæд йæ социалон ахадындзинад уайтагъд фæбæрæг уыдзæн. Цыдæриддæр фиппаинæгтæ, домæнтæ рахастам рæгъмæ, уыдон хъуамæ нымад æрцæуой», – загъта Дзанайы-фырт.
Уымæй дарддæр ма бафæдзæхста, цæмæй амалхъомтæ æнæмæнг æххæст кæной, разыйы гæххæтты цы хæстæ фыст æрцыд, уыдон.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады
пресс-службæ














