«Бавари» – рæзты фæндагыл

0
261

Хойраджы товартæ, нуазинæгтæ, уыдонæн хомаг уадзæг куыстуæттæ 26 бæстæйæ дунейы алы къуымтæй æрæмбырд сты Мæскуыйы, «Экспоцентр»-ы, равдыст «Продэкспо»-йы. Фæндыд сæ се ‘нтыстытæ равдисын æмæ иннæты фæлтæрддзинæд базонын.

Нæ бæстæйы хуссайраг хайы хуыздæр бæгæны, æнæ карз нозт нуазинæгтæ уадзæг куыстуат у «Бавари». Уый равдыстмæ рахаста хæххон дон «Тбау», къуымæл, бæгæны, æнæ карз нозт нуазинæгтæ. Цæгатирыстойнаг куыстуаты стенды цур тынг бирæ адæм æмбырдтæ кодта, фæндыд сæ банкъарын ирыстойнаг продукцийы ад. Ноджы мæ сæ дисы æфтыдта, номдзыд ирон донæй конд кæй цæуынц, уый дæр.

Ацы азы равдыст ссис, ныры онг кæимæ кусынц, нырмæ ахæм бастдзинæдтæ кæимæ нæма скодтой, уыцы регионтимæ, бæстæтимæ фембæлыны, æрдзурыны бынат. Бæгæныфыцæн компаниты къорд «Бавари»-йы коммерцион директор Абойты Зауыр куыд радзырдта, афтæмæй фембæлдысты Узбекистаны, Казахстаны, Сомихы, Иугонд Араббаг Эмиратты дистрибьютертимæ.

«Уæдæ бадзырдтæ бафыссыны тыххæй разыйы дзуаппытæ райстам Иран, Азербайджан, Китайы минæвæрттæй. Ацы ран сæйрагдæр у стратегион æмгуыстгæнджыты ссарын, уыдонимæ дарддæр бантысдзæн продукцийы ног хуызтæ уадзын», – загъта Абойы-фырт. Компанийы продукци балхæнынвæнд кæмæ ис, ахæмтæ дæр гыццыл не сты, цавæрдæр фарстатæ ма ис, хъæуы сæ алыг кæнын.

«Продэкспо»-йы архайджытæ кæддæриддæр лæмбынæг сты «Бавари»-йы адджын лимонадтæм, хæххон дон «Тбау», къуымæл æмæ цаймæ. Ирон къуымæл бирæтæ банымадтой иттæг хорз нуазинагыл. «Хойраджы продукттæ, нуазинæгтæ уадзæг Скæсæйнаг Европæйы куыстуæттæ чи æрбаиу кæны, азы уыцы равдыст компани исы уæлдæр æмвæзадмæ», – афтæ зæгъы «Бавари»-йы опты уагыл уæй кæныны хайады разамонæг Золойты Зауыр. «Проэкспо» азæй-азмæ йæ ахст бынат фидардæр кæны, куыд нæ бæстæйы, афтæ фæсарæнты дæр. «Бавари»-йы минæвæрттæн равдысты фадат уыд хомаг æмæ хъæугæ æрмæджытæ уадзæг куыст-
уæттимæ фембæлынæн, бадзырдтæ бафыссынæн.

 

Датиты Ольгæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here