Хъармгæнæн пункттæ байгом кæндзысты

0
332

Хицауады цы æрвыл-къуырион аппаратон æмбырд уыд, уый амыдта РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæг Сергей Меняйло. Архайдтой дзы нæ респуб-ликæйы Хицауады уæнгтæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ, министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ. Ныхас кодтой ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнтæ æмæ ног нысантыл.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег куыд радзырдта, афтæмæй фæстаг къуырийы дæргъы республикæйы æнæнхъæлæджы цаутæ бæрæггонд не ’рцыд. Республикæйы æрцыд 81 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 17 адæймаджы, уыдонæй 13 аластой рынчындæттæм, иу адæймаг дзы фæмард.

– Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 920 уæзласæн машинæйы, 550 – сæрмагонд бынæтты. Электрон рады æнхъæлмæ кæсынц 800 машинæйы. Ивгъуыд къуырийы Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтысты 19550 автотранспортон иуæджы æмæ 40060 адæймаджы, – фехъусын кодта Томайы-фырт.

Боныхъæды уавæртæм гæсгæ Арвыкомы фæндаг æхгæд æрцыд æппæт транспорты хуызтæн дæр. Хæстæгдæр къуырийы дæргъы хæхты бирæ мит кæй ныууардзæн, уый аххосæй тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Уый фæдыл расид-тысты сæрмагонд уавæрты фæтк.

Сергей Меняйло Æнæнхъæлæджы цауты министрадæн бахæс кодта, уæзласæн машинæтæ цы сæрмагонд бынæтты лæууынц, уым хъармгæнæн пункттæ саразын. Ноджы ма дзы рад хæсдзысты тагъд æххуысы медицинон бригадæтæ. Уыимæ бафæдзæхста, уæзласæн машинæтæ республикæйы фæндæгтыл куыд нæ лæууой, арæнтæ афойнадыл æхгæд куыд æрцæуой, афтæ.

«Роспотребнадзор»-ы регионалон хайады разамонæг Тыбылты Аланы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, респуб-ликæйы 24 рæвда-уæндоны æмæ 10 астæуккаг скъолайы карантины æхгæд æрцыдысты. Рæвдауæндæтты рынчынты нымæц у 19 проценты, скъолаты та – 17 проценты. Эпидемиологон уавæр улæфæнты низтæ æмæ гриппæй, ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, чысыл фæкарздæр. ОРВИ-йы тыххæй медицинон организацитæм æххуысмæ чи æрбадзырдта, уыдоны фылдæр хай сты рынчын сывæллæттæ.

Æрдзхъахъхъæнынады министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, сбæрæг кодтой 36 æнæзакъон бырондоны. Уыдон иууылдæр æфснайд æрцыдысты. Уый фæдыл сидынц нæ республикæйы цæрджытæм, цæмæй сæ алфамбылайы сыгъдæгдзинадмæ бæрнондæр цæстæй кæсой.

Республикæйы Сæргълæууæг разыйæ нæ баззад фæндæгты уавæрæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, фæндæгты былтæ бырон æмæ рыджы бын фесты, бырынцъаджы ныхмæ цы змис æмæ цæхх акалынц, уыдон æфснайд нæ цæуынц.

– Сабаты мæхæдæг машинæйыл æрзылдтæн нæ республикæйы районтыл. Фæндæгтæ æмæ сæм хæстæгдæр бынæттæ, куыд æмбæлы, афтæ æфснайд нæ цæуынц. Фæндæгты хæдзарады комитетæй домын ацы фарстамæ фылдæр æргом аздахын, – фæбæрæг кодта Сæргълæууæг.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадæн регионы разамонæг бахæс кодта районтæ æмæ хъæуты санитарон уавæрмæ æркæсын.

Дарддæр ма Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы разамындæн бабар кодта саразын, горæты уынгты рекламæйæн дзуапп чи дæтта, ахæм аивадон совет.

– Фылдæр рекламæты нæ вæййы хъуыды, уыимæ раст фыст не ’рцæуынц. Æрæмбырд кæнут, чи сæ аразы, уыдоны се ‘ппæты дæр æмæ ацы фарстайыл иумæйагæй бакусут, – загъта республикæйы разамонæг.

Дарддæр ма æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here