Уадз æмæ сæ адæм зоной

0
227

Сфæлдыстадон куыст чи кæны, уыцы адæймæгтæ сæ царды фæндагмæ фæстæмæ куы акæсынц, уæд дзы раиртасынц вазыгджындæр цаутæ. Мæнмæ дæр ахæм хъуыдытæ арæх фæзыны. Æрбахæццæ кæны Цытджын Уæлахизы 80 азы бон, нæхи цæттæ кæнæм уыцы бæрæгбоныл сæмбæлынмæ. Уымæ гæсгæ мæ фæнды газеткæсджыты размæ рахæссын, цы сарæзтон æмæ мæм цы хъуыдытæ сæвзæрд, уыдон.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл сарæзтон дæс цыртдзæвæнæй фылдæр. Абон лæууынц Дзæуджыхъæуы, Медакадемийы, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты кæрты (эпитафитæ сын ныффыста РЦИ-Аланийы адæмон поэт Гуырдзыбегты Иринæ), Алагиры районы – Нар æмæ Мызуры – йæ цуры фембæлдысты Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны президенттæ, стыр аргъ ын скодтой (конкурсы архайгæйæ, райста фыццаг бынат). Уыцы хыгъды ис Ногхъæуы цыртдзæвæн дæр – райста Тедеты Резойы фырт Павелы хъæппæрисæй Хетæгкты Къостайы преми, Центрон телеуынынады та, куыд æй гом кодтой, уыцы мадзал æртæ хатты равдыстой.

Æрæфы районы: Лескены скъолайы æфсымæрон ингæны цырт, Быдыры Дæргъæвсы – æртæ фигурæйы кæм ис (фыд йæ фыртты хæсты быдырмæ фæндараст кæны), ахæм композици. Уыцы цыртæн бæрзонд аргъ скодта нæ республикæйы фыццаг Президент Галазты Æхсарбег.

Дыгуры районы: Дигорайы горæты, граждайнаг æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдонæн цыртдзæвæн; Сындзыхъæуы бын – немыц цы коммунистты фехстой, уыдоны цыртдзæвæн.

Мæздæджы районы: станицæ Киевскаяйы дыууæфигурон цыртдзæвæн, хæсты чи фæмард, уыдонæн – æвæрд æрцыд уæды колхозы сæрдар Павел Авраменкойы хъæппæрисæй.

Горæтгæрон районы: Дæллаг Санибайы хъæуы уæлмæрды, Дзæу-джыхъæуы бынмæ чи фæмард, уыцы хæстонты æфсымæрон ингæныл цыртдзæвæн.

Мæнмæ гæсгæ, Уæлахизы юбиле-йон аз, уыцы цыртдзæвæнты истори Ирыстоны цæрджытæ хъуамæ фылдæр зоной.

Елхотмæ бацæуæны цыртдзæвæныл конкурс расидтысты, æмæ дзы фæуæлахиз скульптор Дзанæгаты Чермен. Йæ вариант мыхуыргонд æрцыд журнал «Литературон Ирыстон»-ы фыццаг фарсыл. Хъыгагæн, Чермены куыст Елхотмæ бацæуæны æвæрд не ‘рцыд, фæлæ йæ фæстæдæр Петр Барбашовæн цыртдзæвæнæн сæвæрдтой.

Елхотмæ бацæуæны цыртдзæвæны конкурсмæ мах архитектор Гуыбаты Зауыримæ иумæ куыстам. Æрмæстдæр мах варианты бæлвырдгонд уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цыд 1942 азы Советон Цæдисы пайдайæн цæхгæр кæй фæивта, уый. Уыдис дзы бирæ фигурæтæ – кусджыты, колхозонты, хæстонты æмæ ма «Катюшæ». Ныры хуызæн пулемет нæ, фæлæ. «Катюшæ» кæй фæзынд фронты 1942 азы, уый тынг фæбæрæг нæ уæлахизтыл хæсты быдыры. Мах вариантæй тынг раппæлыд республикæйы уæды сæйраг архитектор Течийы-фырт.

Нæ вариантæй ма фæстæдæр баззад æрмæстдæр йе ‘мгъуыд – 1942 аз, адæмы – кусджыты, колхозонты, хæстонты баивтой стыр сæртæй, «Катюшæйы» та – пулеметæй. Ахæм сæртимæ цыртдзæвæнтæ та нæ бæстæйы ссæдзæй фылдæр ис. Дзанæгаты Чермены вариант сæвæрдтой П.Барбашовæн, мах варианты адæм та баивтой сæртæй. Уыцы заманы дæр æнæраст хъуыддæгтæ бирæ уыди, ныртæккæ рæстæджы фæлмы бын фесты.

Хорз уаид, Уæлахизы 80 азы бонмæ, уæлдæр цы цыртдзæвæнтыл дзырдтон, уыдон мыхуыргонд куы цæуиккой газетты фæрстыл, куы сæ равдисиккой телеуынынадæй. Се ‘хсæн ис хорз варианттæ, аивадиртасджытæ сыл хъуамæ уацхъуыдтæ ныффыссой. Мæнмæ гæсгæ, уый ахсджиаг хъуыддаг у. Уадз æмæ сæ нæ республикæйы цæрджытæ зоной.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, медицинон хо Реуазты Алыксандры чызг Верæйы сурæт сарæзтон къахæй сæрмæ (полуфигура) урс мраморæй (медицинæйы хуыз). Йæ риуыл – ордентæ æмæ майдантæ. Ныртæккæ ис Тугъанты Махарбеджы номыл музейы æфснайæны (хранилище), никæд æй ничи федта! Верæ хæсты фæстæ куыста Дзæуджыхъæуы 1-æм поликлиникæйы. Уыцы медицинон уагдоны бацæуæны æвæрд куы ‘рцæуид, уæд уый раст хъуыддаг уаид.

Хæсты рæстæг Верæ бирæ цæф хæстонты фервæзын кодта мæлæтæй. Æрхæсдзынæн уый тыххæй иу цымыдисаг цау. Санитарон батальонмæ æрбаластой цæф салдаты туг æмæ цъыфы змæстæй. Дохтыртæ йын йæ цæфмæ бавнæлдтой, Верæйæн та раттой рæстæг исты ахæрынмæ. Уалынмæ йæм санитартæй иу æрбауад æмæ йæм дзуры: «Кæй нæм æрбаластай, румынаг у æви немыцаг, уый бæрæг нæу, цавæрдæр æвзагыл Гитлеры æлгъиты, æмæ йæ не ‘мбарæм». Верæ бацыд цæф хæстоны размæ æмæ фехъуыста сыгъдæг иронау: «Гитлер, мæ хæрæг дыл – афтæ, мæ куыдз дыл – афтæ».

Верæ йæ ныхъхъæбыс кодта. Рох æй нал уагъта. Хæсты фæстæ хо æмæ æфсымæр загътой. Уый уыд Советон Цæдисы, Ирон театры адæмон артист Саламты Къола.

 

ДЗБОЙТЫ Михал,
Уæрæсейы Федерацийы
сгуыхт нывгæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here