Мæ ныхасæмбал – «Рæстдзинад»

0
293

«Нæ уарзон, нæ ныфсы газет «Рæстдзинад»! Дæ рæвдыдæй хайджын уыдысты нæ буц хистæртæ, мах дæр дæ хайджын стæм. Фыссыс нæ адæмы цин æмæ хъыгыл, аивад, литературæ æмæ культурæйыл, нæ рагфыдæлты лæгдзинадыл, мадæлон æвзаджы хъысмæтыл.

Абоны зын рæстæг архайыс адæмты иудзинад фидар кæныныл. Фадат дæттыс ахуыргондæн дæр, кусæгæн æмæ хæдзары ‘фсинæн дæр сæ хъуыдытæ, сæ сагъæс-
тæ адæмы раз барджынæй ракæнынæн.

Дæуæй, «Рæстдзинад», йæхи æнæхай чи кæны, уый æцæг ирон схонæн нæй». Ацы ныхæстæй райдыдта йæ ныхас Заводы поселочы цæрæг Гобаты-Ортабайты Уæзданæ. Хæсты сывæллæттæ кæй хонынц, уыцы фæлтæрæй у. Бирæ зындзинæдтæ федта царды, фæлæ йæ ныфс, йæ хъару фидар уыдысты. Ирон сылгоймаджы ми-
ниуджытæй хайджын у Уæзданæ. Рæстудæй цæры адæмы ‘хсæн, буц æмæ рæвдыд у йæ дзæбæх кæстæртæй.

– Мæ 87 азы сæрты ахызтæн æмæ, мæхи куы зонын, уæдæй нырмæ уарзын æмæ кæсын «Рæстдзинад». Дыгургомы Дзынагъайы цардыстæм. Хорз хъуыды кæнын, газет-иу хистæртæ къухæй-къухмæ куыд лæвæрдтой, цымыдисагæй йæ кастысты. Фæскомцæдисмæ нæ æвдæм къласы райстой, раст уæдæй фæстæмæ æз нал фæхицæн дæн газетимæ, фæстаг дамгъæйы онг æй кæрæй-кæронмæ бакæсын. Архайын, цæмæй нæ бинонты кæстæртæ дæр уарзой мадæлон æвзаг, – дзуры Уæзданæ. Фæллойы ветеран иу бон дæр æгуыст нæ уыдис. Хæрз æрыгонæй сæрæн æмæ хæдæфсарм чызджы равзæрстой Дзынагъайы хъæусоветы сæрдарæй. Фæстæдæр та куыста Алагиры сопротивлениты заводы, стæй завод «Радуга»-йы. Бирæ арфæтæ-иу фехъуыста йæ иузæрдион фæллойы тыххæй.

– Фæскуыст-иу куы рафæлдæхтон мæ уарзон газет, уæд-иу мæ фæллад цыдæр фæцис, мæ ныхасæмбал у абон дæр. Уарзын нæ рагфыдæлты æгъдæуттæ, бинонты цаутæ, хъæлдзæг æмæ цыргъзонд уацмыстæ кæсын, дзырдбыдтæ аразын. Хорз зæрдæ дарын редакцийы æппæт кусджытæм дæр, фæлæ уæлдай æхсызгонæй фæкæсын Бутаты Эльзæ æмæ Гапбаты Алетæйы фыстытæ. Нæ постхæссæг Аленæ Снегиревайæ бузныг дæн, йе ‘рбацыдмæ тынг фенхъæлмæ кæсын, куы мæм бадзуры, «Рæстдзинад» дын æрбахастон, зæгъгæ, уæд мын тынг æхсызгон вæййы.

Цæмæй нæ сывæллæттæ уарзой æмæ дзурой нæхи ‘взагыл, уый тыххæй алы ирон хæдзар дæр рафыссæд газет. Æрвылбон уын хæсдзæн ног хабæрттæ, Ирыстон æмæ Уæрæсейы цы ивддзинæдтæ цæуы, стæй ма бирæ æндæр хъусынгæнинæгтæ, – зæгъы Уæзданæ.

 

Гугкаты Жаннæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here