Закъоны проект бавдыста

0
218

Цæгат Ирыстонæй сенатор Виталий Назаренко раныхас кодта Федерацийы Советы федеративон арæзтад, регионалон политикæ, бынæттон хиуынаффæйад æмæ Цæгаты хъуыддæгты фæдыл комитеты уæрæхгонд æмбырды.

Бæстæйы Федералон Æмбырды уæллаг палатæйы уæнг бавдыста «Уæрæсейы Федерацийы туристон архайды бындурты тыххæй» федералон закъонмæ æмæ федералон закъон «Уæрæсейы Федерацийы æфсæнвæндаггон транспорты устав»-мæ ивддзинæдтæ хæссæг федералон закъоны проект. Срастгæнинæгтæ бар дарынц мидбæстон æфсæнвæндаггон туризмы къабазы æмбарынадон аппарат закъонæвæрынадон уагæй бафидар кæныны хъуыддагмæ.

Уымæй уæлдай, амæйразмæ федералон закъон кæй нæ амыдта, рæстæджы ивддзинæдтæ нымайгæйæ, федералон закъонмæ гæсгæ ахæм ног ахсджиаг æмбарынæдтæ Уæрæсейы Федерацийы архайæг закъонæвæрынадмæ бахæссинаг сты.

Ацы закъонмæ гæсгæ, æфсæнвæндаггон транспорты къабазы æххæстгæнæг хицаудзинады федералон оргæн фидар кæны æфсæнвæндагыл туристты ласыны фæтк.

Туристон маршруттæ аразыны фæдыл методикон уынаффæтæ фидар кæныны хъуыддаг уыдзæн туризмы къабазы паддзахадон хицаудзинады оргæнты бæрны.

– Ацы азы фыццæгæм сентябры архайын чи райдайдзæн, уыцы федералон закъон сфидар кæныны æууæл ахъаз кæндзæн мидбæстон туризмы райрæзтæн, – загъта Виталий Назаренко.

Комитеты æмбырды архайджытæ кæуыл æрныхас кодтой, уыцы фынддæс фарстайæ иу бар дардта регионты социалон-экономикон уавæрмæ.

 

Æлборты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here