Дыгуры районы Николаевскы станицæйы скъолайы байгом уыдзæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ чи фæмард, уыцы хъæбатыр Руслан РАЩЕПКИНЫ номыл кадетон кълас. Уый фæдыл амынддзинад РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрадæн ратта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.
Æрæджы Сергей Меняйлойæн радио «FM Алания»-йы комкоммæ эфиры интервью куы уыд, уæд студимæ чи æрбадзырдта, уыцы адæмæй иу уыд æдзард хъæбатыры идæдз Мартæ Ращепкина. Уый бахатыд республикæйы разамонæгмæ, цæмæй рæстмæ лыггонд æрцæуа Николаевскы скъолайы Руслан Ращепкины номыл кадетон кълас байгом кæныны фарста. Уæд Сергей Меняйло зæрдæ бавæрдта, курдиатмæ лæмбынæг кæй æркæсдзысты, уымæй.
Æмæ ныр Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ наукæйы министрады фехъусын кодтой, кадетон кълас байгом кæныны тыххæй уынаффæ хаст кæй æрцыд, уый.
Николаевскы станицæйы цæрæг Руслан Ращепкин фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы 2023 азы октябры, цыдис ыл æрмæстдæр 30 азы. Йе ’взонджы бонтæй фæстæмæ Руслан йæхицæн сбæлвырд кодта, нæлгоймаджы сæйрагдæр нысан Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг уæвын кæй хъуамæ уа, уый. Гæрзифтонг тыхты йæ службæ куы ахицæн кодта, уæд сси сæрмагонд нысаниуæджы æфсæдты службæгæнæг. Украинæйы цы цаутæ райдыдтой, уыдоны архайдта 2014 азы дæр. 2022 азы февралы Руслан йе ’мслужбæгæнджытимæ æрвыст æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлммæ. Хъыгагæн, уыцы хæстон балцæй сæрæгасæй нал сыздæхт… Руслан Ращепкин хорзæхджын уыд Жуковы майданæй, Хъæбатырдзинады дыууæ орденæй (уыдонæй дыккаг – йæ мæлæты фæстæ).
Хъæбатыры мæлæтæй фæстæмæ йæ идæдз Мартæ æмæ йæ фондз фыртыл аудынц фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы минæвæрттæ, æппæтвæрсыг æххуыс сын кæнынц. «Æхсызгон мын у, не скъолайы Русланы номыл кадетон кълас кæй байгом уыдзæн, уый. Фæндид мæ, цæмæй мæ лæппутæй иу ахуыр кæна уыцы къласы», – зæгъы Мартæ…
Сланты Аслан