Æмбал кæмæн нæй, æфсæнвæндагыл ахæм цæуæг музей «Уæлахизы поезд» знон ссыд Дзæуджыхъæумæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæ йæ райдайæнæй суанг Уæлахизы бонмæ æвдыст цæуынц поезды вагæттæй алкæцыйы дæр хицæнæй.
Нæ бæстæйы алы бинонтæм дæр 1941-1945 азты хæсты æнамонды арты ’взæгтæ баххæссыдысты. Нæ адæмы цард хæст тынг сызмæста. Кæмæн тохы быдыры йæ дарæг баззад, кæмæн – йæ дзæбæх кæстæр. Фæлæ советон салдæттæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны тæххæй Уæлахизы сæраппонд æппæт зындзинæдтæн дæр ныффæрæзтой.
Нырыккон технологиты æххуысæй æппæт уыцы историон æцæгдзинæдтæ фенæн ис экспозицийы. Хуызистытæ, документтæ, æфсæддон уæлæдарæс – советон адæмы хъæбатырдзинады тыххæй æвдыст цæуынц видеоæрмæджытæ.
Фыццаг вагоны фæндаггонтæ хъæлдзæгæй, хæрзарæзтæй цæуынц балцы, кæмæ кæсагахсæн ис, кæмæ – дзаг чыргъæд. Нæма зонынц, райсом фыдбоны хæст кæй райдайдзæн. Куклаты хуызы адæмы афтæ дæсны сарæзтой – сæ дзаума, сæ цæстæнгас, суанг къахыдарæс дæр – дæ миддуне дæ фæхæсдзæн уыцы дард рæстæгмæ. Сывæллæтты æмæ мадæлты тарст цæстæнгасæй зæрдæ бариссы, æвдыст цæуынц Бресты фидар хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинад, Ленинграды æрхъулайы уæззау хабæрттæ. Мæнæ ацы вагоны та ахст адæмы ласынц уацармæ, æвдисынц, цы тыхмитæ сын кодтой, уыдæттæ.
Цымыдисаг у санитарон вагон. Поезды цæлхыты гыбар-гыбурмæ урсхалатджынтæ кæнынц операци, медицинон хо уидыгæй хæринаг дæтты цæф салдатæн.
Хинайæн æмæ гæрзтæхсæн вагон дæр ахсджиаг куыд нæ уыдаид хæсты уавæрты.
Бæрзонд, хæрзконд лæг, маршал Константин Рокоссовский æдзынæг кæсы картæмæ, уый та у хæстон штабы вагон.
Мингай адæмтæ ласта ацы поезд. Бирæ зындзинæдты сæрты ахизгæйæ, бахæццæ знаджы лæгæт – Берлинмæ.
Уæлахизы поезд бабæрæг кодтой нæ республикæйы министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæ.
– Фæсивæды патриотон хъомыладæн стыр ахъаз у ацы цымыдисаг экспозици. 45 минуты цы историйы урок цæуы, уый уыдзæн æнæферохгæнгæ, – загъта РЦИ-Аланийы Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдары хæдивæг Бекъойты Алæнбег. Дыууæ боны поезды уазджытæн лæггад кæндзысты бархион студенттæ.
Гугкаты Жаннæ