Зынаргъ газеткæсæг! Мæ зæрды дын ис Малиты рухсаггаг Гæбулийы царды хабæрттæй иу æрымысын. Куыд дзурынц, афтæмæй уарзта хъазын-худын, фидаугæ дæр ыл кодта, æмæ йæ адæм йæ цыргъзонддзинады тыххæй абон дæр ма мысынц.
Царди Дыгургомы, Дзынагъайы хъæуы, фыййау фæхатти колхозы фысты дзугты фæстæ. Хабар та мæ зæрдыл æрлæууыд, абон æрыгон лæппутæм цы «модæ» фæзынд, уымæ гæсгæ. Низыхатт сыл цыма сыстад, афтæ фæсивæд зачъетæ дарын райдыдтой. Акæс, уæд дзы цы нæ хуызы фендзынæ – кæмæн йæ зачъе дымгæ фæйлауы, кæмæн йæ роцъойы бын цалдæр мæгуыргомау хилы
дзедзырой кæнынц, чи та бæзджын хъуыны бын йæ дзых аргæ дæр нал скæндзæн. Иу хатт ма ацы темæйыл æрмæг ныммыхуыр кодтон, æмæ мæм Кировы районæй иу ацæргæ журналист фыстæг ныффыста уайдзæфы хуызы, нæ фыдæлтæ, дам, раздæр рихитæ æмæ зачъетæ дардтой. Æмæ зачъе дæр зачъейы хуызæн куы уа, уæд ницы кæны, фæлæ иугай хилтæ рауадз, уый тынг рæсугъд у? Стæй нæ фыдæлтæ цухъхъатæ дæр дардтой, сæ фарсыл – хъама, иннæ ’рдыгæй – ливор, æмæ уæд раздæхæм уыцы дугмæ.
Фæлæ уын Гæбулийы хабар кодтон. Йе ’фсымæр Сандыримæ сæм уæрст ницы уыди, æнгом, хъæрмудæй æрвыстой сæ бонтæ, нæ хъулон кодтой кæрæдзийы цоты дæр. Иуахæмы хæхбæсты хъызт зымæг скодта, æмæ Сандыры фырт уæлиау хохы уæтæрты бынаты баззад. Уыди дзы цæрæнбынат фыййæуттæн, колхоз сын хæринаг дæр ласта, æмæ мæйы бæрц лæппу
хæдзармæ не ’рцыд. Зæрдæ йæм не ’хсайдта, хъæддаг сырдты ныхмæ дæр – хæцæнгарзæй ифтонг, стæй фыййау куыйтæ – цалдæр.
Рацыдаид иу мæй, боныхъæд фæсаст, æмæ лæппу йæ хæдзармæ æрыздæхт. Æвæццæгæн, уыцы мæйы мидæг сæрдасæн йæхиуыл нæ бамбæлын кодта, æмæ йæ зачъе дзæвгар рахæцыд. Гæбули æмæ Сандыр фынджы уæлхъус бадтысты, æмæ, лæппу къæсæрæй куы ’рбахызт, уæд Гæбули
фестад æмæ йе ’фсымæры фарс батъæпп кодта, дзуры йæм:
– Уæлæмæ сыст, нæ фыд æрцыди, уый нæ уыныс?!
ГАПБАТЫ Алетæ














